Дзæуджыхъæуы дарддæр йæ куыст кæны кинойы скъола. Ахуыр дзы кæнынц оператор æмæ монтажеры дæсныйæдтыл, алыхуызон ахорæнты коррекци æмæ компьютерон графикæйыл. Скъолайы бындурæвæрæг — Тыбылты Æхсар. Йæ бæллиц сæххæст «Таврида»-йы форумы гранты руаджы.
Æхсары ныхæстæм гæсгæ, кино исыны дæсныйадæн Цæгат Ирыстоны бирæ авналæнтæ нæй. Ахуырты рæстæг фæсивæд сисдзысты, социалон ахадындзыинад кæмæн уыдзæн, 5 ахæм цыбыр кинонывы. Фенæн сæ уыдзæн социалон хызæгты.
















