Дзæуджыхъæуы дарддæр цæуынц Байаты Чермены уынджы ‘рдыгæй Терчы былгæроны аивгæнæн куыстытæ. Фистæгæй цæуæн хиды бын къул аив амайынц – уыдзæн ын рагон Дзæуджыхъæуы арæзтæдты фæлгонц – дойнагдур æмæ агуыридур иумæ. Цæрджыты æдасдзинады тыххæй дзы сæвæрдтой гæрæнтæ. Цæнгæт хиды ‘рдыгæй иу хайыл æнцойгæнæнтæ фæзынд. Уаццагы ма æвæрынц бордюртæ æмæ брусчаткæ. Проектмæ гæсгæ йæ фæзуат уыдзæн 4,5 мин квадратон метры, равæрдзысты дзы 40 рухсдæттæны, 50 бадæн бынаты æмæ бырондæттæ. Рацараздзысты ма Терчы цур цы парапет ис, уый дæр. Плиты Иссæйы уынгæй Соляный фæрсуынджы онг 60 мерты дæргъæн бетонæй арæзт быруйы ранæй рæтты баивдзысты æфсæйнаг æнцойгæнæнтæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, куыстытæ æххæстгонд цæуынц “Цæрæнбынæттæ æмæ горæты æнцонвадат уавæрты” Национ проекты “Горæты æнцонвадат уавæртæ аразын”-ы федералон программæйы фæлгæты.
















