Изæры 6 сахатмæ ‘ввахс Джыккайты Шамилы номыл уынджы хæдтулгæты бирæмвæзадон æрдæгарæзт æрлæууæны æрцыд зынгсирвæзт. Бынатмæ æвæстиатæй фæхæццæ сты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ.
Арт апарахат 120 квадратон метрыл. Зынгсирвæзт ахуыссын кæныныл архайдтой 16 специалисты, техникæйы 4 иуæджы æххуысæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй хабар æрцыд æртыккæгæм уæладзыджы, ссыгъд пеноплекс. Цыбыр рæстæгмæ зынгсирвæзт ахуыссын кодтой. Хъыгдæрд ничи баййæфта.
















