Дзæуджыхъæуы 11-æм скъолайы ахуырдзаутæн ахæм кадджын мадзалы архайын кады нысан у, фæлæ сыл бæрнон хæс æвæрд кæй ис, уый дæр æмбарынц. Ахуыргæнæндоны сфæлдыстадон къорд “Ныфс” бацæттæ кодта скъуыддзаг “Мад æмæ фырт”. Æвзонг артисттæ сæхи цæттæ кодтой къорд рæстæг.
Сывæллæтты театралон фестиваль саразынц ирон æвзагыл. Баст вæййы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæимæ. Ацы аз рæгъмæ рахастой 22 спектаклы. Æвзонг артистты курдиат æмæ арæхстдзинадæн аргъ скæндзысты фæлтæрдджын жюрийы уæнгтæ. Се ‘хсæн нæ республикæйы театралон архайджытæ. Хатдзæгтæ сбæрæг уыдзысты ног къуыри.
Фестивалы сæйраг нысан у нæ мадæлон æвзаг бахъхаъхъæнын, сфæлдыстады фæрцы йæм фæсивæды æргом раздахын. Йæ ахадындзинад егъау кæй у, уый сбæрæг муниципалон къæпхæны хатдзæгтæм гæсгæ. Мадзаларазджыты ныхæстæм гæсгæ мадзал суыдзæн æрвылазон.
Театралон фестиваль “Бонвæрнон” арæзт цæуы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амынддзинадмæ гæсгæ. Бацæттæ йæ кæны республикæйы культурæйы æмæ ахуырад æмæ наукæйы министрад. Фидæны аз æм фæнд кæнынц фылдæр фæсивæды æргом раздахын.
















