Хæдтулгæты æрлæууæн бынæтты уагæвæрд афæдзы райдианæй нæ сæххæст кодтой 3 мин 500 шофыры. Сæ хæдтулгæтæ эвакуацигонд æрцыдысты. Уый тыххæй фехъусын кодта фæндаггон службæйы хицæн батальоны командыгæнæг Кокойты Марат. Сæрмагонд лæууæн бынæтты фæндаггон фæткмæ барадхъахъхъæнджытæ кæсынц æппынæдзух. Уæвгæ хæдтулгæты нымæц дæр афæдзæй-афæдзмæ рæзы æмæ сын хъæуы ног æрлæууæн бынæттæ скæнын.
Горæты администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ цæрджытæ уавæры тыххæй хъаст кæнынц. Бирæтæ сæ транспорт ныууадзынц фæндаджы кæрон æмæ фæзилæнты. Уый бынтон хорз нæу, арæх фæндаггон фæткмæ гæсгæ закъоны сæрты ахизынц. Уый тыххæй инспектортæ аразынц рейдтæ. Бахъæуы сæ бафидын ивар, уыимæ эвакуаторæн дæр 3 мин сомы чысыл цухæй.
















