Райсомæй партæйы уæлхъус, изæрæй та гауызыл – спорстментæ æрмæст æппарæнтæ æмæ физикон цæттæдзинадыл нæ бакусынц, уыдон ахуыр кæнынц биологи, морфологи æмæ ма ноджы 5 дисциплинæйы. Дзырдæн, алцыдæр, цæмæй хъæбысхæстмæ наукæйы ‘рдыгæй æркæсой. Специалистты ныхæстæм гæсгæ сын уый фадат дæтты, хуыздæр сног уæвынæн æмæ цæттæдзинадмæ цæст дарынæн.
Абон, зæгъæм, ныхас цæуы гормонтыл – буары биологон бындурыл. Тестостерон, инсулин, адреналин – сæрмагондæй уыдонæй аразгæ у спортсмены рæзт. Зонындзинæдтæ богæлттæн амонынц Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты профессортæ æмæ доценттæ.
Фæлæ, æнæмæнг, фылдæр кусынц гауызыл. Спорстментæ архайынц Хæдарцаты Асланы номыл академийы. Хуымæтæг тренировкæтæй уæлдай ма – регбол, физикон цæттæдзинад æмæ ма суанг футбол дæр. Æрбацæуынц сæм зынгонд спортсментæ дæр. Богæлтты ныхæстæм гæсгæ, сæ разамындæй сын æнцондæр вæййы.
Багаты Арслан ахæм æмбырдты фыццаг хатт ис. Зæгъы, лекциты фæрцы æндæр хуызы хъуыды кæнын райдайы, хуымæтæг дзауматæм ног зондахаст фæзыны. Ныртæккæ студент ахуыр кæны Синергийы профилон факультеты. Æмæ йæм кæд ныридæгæн бирæ хæрзиуджытæ ис, уæддæр сæ фæнд кæны дунеон чемпионаты сыгъзæрин æмæ, æнæмæнг, олимпаг майданæй баххæст кæнын.
Арсланимæ иумæ æмбырдтæ цæуынц æгас Уæрæсейæ богæлттæ – Дагестан, Буряти, Цæцæн – æдæппæтæй 40 адæймаджы. Сæйраг нысан – Спартакиадæ, уым сбæлвырд уыдзæн олимпаг иугонд командæйы хыгъд, æнæмæнг, хъæуы бындурон цæттæдзинад.
Æмбырд ахæсдзæн дыууæ къуырийы. Богæлттимæ иумæ Цæгат Ирыстонмæ æрбацыд студентон командæ грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй, ныр цæттæ кæнынц Дзинагайы. Разамонджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм тренировкæтæ сæ фылдæр разæнгард кæнынц æмæ æххуыс сты ахсджиаг старттæм æххæст хъаруйæ бацæуынæн.
















