preloader
сейчас в эфире
20:25
САМОЕ ВРЕМЯ 12+
Смотрите Далее
20:30
НÆ ФИДÆН МÆМ, ИРОНАУ ДЗУРГÆ, ХУДЫ! 12+
21:00
НОВОСТИ 12+
21:20
БИЗНЕС СФЕРА 12+
22:00
ВЧЕРА ЗАКОНЧИЛАСЬ ВОЙНА (7,8-АЯ СЕРИЯ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
САМОЕ ВРЕМЯ 12+
close

Цӕгат Ирыстоны 17 адӕймаджы балӕвӕрдтой курдиӕттӕ ӕппӕтуӕрӕсеон преми “Возвращение”-мӕ

12.08.2026 13:16

Исдзысты сæ 31 августмӕ Уӕлахиздзауты равзардзӕн сӕрмагонд жюри. Уырдӕм хауынц Уӕрӕсейы Хъӕбатыртӕ, хӕстон архайды ветерантӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон организациты раззагдӕртӕ.

Хӕдзармӕ ӕрыздӕхын кӕстӕр сержант Цхуырбаты Зауырбегӕн ссис тӕккӕ зындæр тох. Уӕззау цӕф аивта ӕппӕт дӕр. Сабыр цард ын цыма æцӕгӕлон сси, æнахуыр. Зауырбеджы хъуыдис ног тыхтæ ссарын, цӕмӕй йæ къæхтыл ногæй слæууыдаид.

Службйы размӕ Зауырбег архайдта армрестлингæй. Фыццаг ерыстӕ цӕфы фӕстӕ уыдысты ӕрмӕст тыхтӕ бӕрӕггӕнӕг. Фӕлӕ ӕфсӕн удыхъӕд йæхи равдыста. Уæлахизтæм æнхъæлмæ кæсын бирæ нæ бахъуыд. Абон Зауырбег у Уæрæсейы чемпион. Рамбылдта бӕстӕйы ерысты сызгъæрин. Йæ алы уӕлахиз — удуӕлдай фыдæбоны хорзӕх.

Плиты Людмилӕйӕн йӕ фӕндаг бынтон ӕндӕрхуызон рауад. 9 мӕйы хӕстон архайды бынаты. Уый фӕстӕ йын зын уыд хуымӕтӕг цардыл сахуыр уӕвын. Баххуыс ын кодтой фонды социалон координатортæ. Сæ фӕрцы Людмилӕ йæхимæ ссардта тыхтæ ахуыр кӕнынæн ӕмӕ дӕсныйад райсынæн. Ныр ын ис ног нысан царды.

Тагъд Людмилӕ йӕ фыццаг тыллӕг сисдзæн. Йæ нысан — стыр ӕмӕ ахъаззаг. Хъуамæ йе ‘нтыст ныффидар кӕна æмæ йӕхи фермерон хӕдзарад сараза.

Елхъанты Сергей дӕр сфӕнд кодта ног фадӕттӕй спайда кӕнын. Сæрмагонд операцимæ ацыд фыццаг бонты. Куы ‘рбаздӕхт, уӕд разӕнгардӕй ахуыр кӕнын райдыдта. 2 азмӕ райста 4 ахуырады.

Ныр Сергей архайы стыр æмбырдты. Дзуры регионы ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕйы ӕмвӕзадыл. Ноджы — спортивон ерыстæ. Арӕх ӕмбӕлы ӕмӕ ныхас кӕны фӕсивӕдимӕ. Хӕдзармӕ ӕрыздӕхыны фæстæ æппынæдзух ӕххуыс кӕны адӕмӕн ӕмӕ пайда хӕссы сабыр царды.

Ацы адӕмӕн сӕ хъысмӕттӕ алыхуызон сты, фӕлӕ се ‘нтыстытæ иухуызон æхсызгон. Сӕ бон бацис сӕхи ссарын. Ӕнтыстджынӕй райдыдтой ног, сабыр цард. Сæ историтæ систы Æппӕтуӕрӕсеон преми “Возвращение”-йы ахсджиаг хай. Ацы дӕнцӕгтӕ ӕххуыс сты иннӕ адӕмӕн дӕр сӕ хъарутыл баууӕндынӕн.

Преми иу кӕны алыхуызон къабӕзтӕ. Се ‘хсӕн ис спорт, культурӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон куыст. Ноджы — бизнес ӕмӕ зондамонынад. Ӕдӕппӕтæй — 10 номинацийы. Цӕгат Ирыстоны ныридӕгӕн балӕвӕрдтой 17 курдиаты. Исдзысты сæ 31 августмӕ Уӕлахиздзауты равзардзӕн сӕрмагонд жюри. Уырдӕм хауынц Уӕрӕсейы Хъӕбатыртӕ, хӕстон архайды ветерантӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон организациты раззагдӕртӕ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Ирон чат. Æгайт ма! I 13.08.2026
13.08.2026
13.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.08.2026
Дело мастера I Карина Дзабиева
12.08.2026
ИИ: Технологическая сингулярность I Среда влияния
12.08.2026
Доброе утро, Осетия! I 12.08.2026
12.08.2026
11.08.2026 I Бæрнон ныхас
11.08.2026
Ася Цаликова I Профессиональный путь
11.08.2026
Театр «Шкит»-ы ӕмӕ фæлтæрджын риелтор I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
11.08.2026
Цифровой рубль, поддержка семей перед учебным годом и сахарозаменители | Самое время
10.08.2026
Секъинаты Элитæ | Заманæй
10.08.2026
Сокровища Кавказа | лекция 10: Именные наборы ранних средневековых алан | Ossetica
10.08.2026
Ну-ка, все вместе! | Доброе утро, Осетия!
10.08.2026
В итоге: 9 августа
9.08.2026
О Марии Бетоевой I Гвардия
8.08.2026
Дзирийы Дзуар I Кувæг Ир
8.08.2026
Все рекомендуемое