Кусджытæ ныртæккæ аразынц хид. Ацы хæйттæй иу у 14-æй 28 метры онг дæргъæн, йæ уæз та — 15 тоннæйы бæрц. Арæзтадон фæзуатыл сæ æдæппæтæй 48 иуæджы бахъæудзæн. Æфсæн-бетон цæджындзтимæ иумæ дзуапп дæттынц фидардзинадæн. Проекты разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, куыстыты ацы къæпхæн февралы кæрон фæуыдзæн.
Мæнæ ам дæр иу фæндаджы сæрмæ цæхгæрмæ æндæр фæндаг цæудзæн. 700 метры дарддзæгмæ дæр ма ноджы иу, æрмæст уый зæхбынвæндаджы хуызы сараздзысты. Тъунелы дæргъ — 63 метры, диаметр — 9. Бæлццæттæн æнцондæр æмæ цыбырдæр фæндаг равзарæн уыдзæн. Ауылты, зæгъæм, цæудзысты Ныгуылæн уæлмæрд æмæ фидæны Алания-паркмæ. Куыстыты гуырахст егъау у. Бынаты ис 180 адæймаджы æмæ техникæйы 76 иуæджы.
Цыппартæлмон фæндаг хъуамæ уæззау хæдтулгæты уæзæй ма хæла. Йæ уæрх — 19 метры, ныртæккæ 90% цæттæ у. Райдианæй кæронмæ йæ кæрæтты уыдзæн рухсытæ. Куыстытæ цæуынц фæткмæ гæсгæ, фæуынвæнд сæ кæнынц иннæ азы кæронмæ.
















