Республикæйы Сæргълæууæджы Указмæ гæсгæ “Промышленностьы сгуыхт кусæджы” ном радтой Гæтциты Батрадзæн. Уый у æгас коллективы хæрзиуæг цыфæнды зындзинæдты иумæйагæй размæ чи цæуы, зæгъы Дзæуджыхъæуы куырмыты æхсæнады куыстуаты генералон директор. Ахæм уавæрты фидар лæууын æнцон нæу. Ацы автоматыл æнусы ‘рдæгæй фылдæр цæуы. Арæх — сæстытæ, æппынæдзух цалцæг. Фæлæ куыст не ‘нцайы.
Пластик ныккæнынц автоматы æмæ дзы цыбыр рæстæгмæ рауайы цæттæ æрмæг прищепкæтæн. Уый фæстæ хомаг арвитынц æмбырдгæнæн цехмæ. Ам кусджытæ се стъæлттыл æфсæйнаг гæрзтæй бафидар кæнынц хæйттæ æмæ дзы рауайы прищепкæ. Фæлтæрдджын дæсныты арæхстдзинад дисы фтауы. Сæ æнæниздзинады уавæр дæр сæ нæ хъыгдары архайд хæрзхъæд æххæст кæнынæн. Бэлла Дементьева куырмты æхсæнады куыстуаты фæллой кæны 30 азæй фылдæр. 1993-ы сылгоймаг Грознайæ ралыгъд Дзæуджыхъæумæ. Зæгъы, цы хъуыддагыл хæст у, уый уарзы. Фæлæ уавæртæ фæстаг рæстæг сты уæззау æмæ тæссаг.
Ноджы ма Бэллæ куры, цæмæй кусджытæн æхсыр дæттой. Бынаты алы ран дæр ис пластикы хæйттæ – уый æрбынат кæны рæуджыты æмæ ацæргæ адæмæн æрвылбон хæссы тасдзинад. Фæлæ абон куыстуаты ис æндæр фарста дæр. Раздæры егъау заводы, 400 адæймаджы кæм куыстой, уым ма баззад чысыл коллектив – 34 специалисты. Гæнæн ис, æмæ цех сæхгæндзысты. Генералон директор Гæтциты Батрадз æппæт уавæртæ дæр хорз зоны. 50 азмæ ахуыргæнинагæй схызт разамонæджы бынатмæ.
Куыстуат хъахъхъæнынц æппæт тыхтæй. Ныртæккæ æнхъæлмæ кæсынц республикæйы хицауадæй æххуысмæ. Æрæджы хъыгдард æнæниздзинадимæ адæмы фарстаты фæдыл цæдисы æмбырды, премьер Дзанайты Барис, промышленность æмæ инвестициты министр Атарты Олег, зæрдæ бавæрдтой субсидитæ радих кæнын мызды фондæй социалон фæдзæхстадмæ фиддонтæ баххæст кæнынæн, зæгъы Батрадз.
Куыстуат агуры ног гæнæнтæ. Прищепкæ мæ ма бафтыдтой æндæр продукци: базтæ, хъæццултæ, гобæттæ. Уыдон чысыл дзауматæ не сты, фæлæ æрвылбон хъæугæ фæрæзтæ. Зæрдæ дарынц фæлхасгæнджытæ сæ кæй агурдзысты, ууыл.
Уый та хорз фадат у уæлдай æхсызгон кæй хъæуынц, уыдонæн ног куысты бынæттæ байгом кæнын.
Кусджытæй бирæтæ сæ конд дзауматæ никуы федтой. Фæлæ сæ архайдæй лæвар кæнынц удыхъарм. Алы фæрæз дæр зæрдиагæй конд у. Завод кусы, цалынмæ сæ фæллой хъæугæ у, уæдмæ. Æмæ кæд æгас дуне кæд æрмæст зæлтæй æмæ къухы вналдæй æнкъарынц, уæддæр сæ фидæныл дызæрдыг нæ кæнынц. Уый ис сæ алы ног заказы дæр.
















