Дзæуджыхъæуы мемориалон фæйнæг байгом кодтой Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Байаты Альбинæйæн. Кадджын мадзал ацыд абон. Мемориалон фæйнæг байгом кæныны хъæппæрис разынд республикæйы адæмон артист Саутуалты Асланмæ.
Ирон национ хореографийы ирд стъалыимæ бирæ азты куыстой иумæ. Йæ фæндимæ йын сразы сты республикæйы Культурæйы министрад æмæ Паддзахадон ансамбль «Алан»-ы. Æрбамбырд сты йæ аивадæн ын стыр аргъ чи кодта, уыдон. Радзырдтой, Байаты Альбинæйы тыххæй мысинæгтæ.
















