Абон Чырыстон аргъуанты бæрæг кæнынц дыууæ ахсджиаг бæрæгбоны – Уæрæсейы аргъуыды бон æмæ æрымысыдысты Сыгъдæг кънйаз Владимиры. Æппæт Чырыстон аргъуанты азæлдысты дзæнгæрджыты зæлтæ. Кадджын службæ ацыд Дзæуджыхъæуы дæр. Бæрæгбоны фæдыл арфæтæ ракодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр. Республикæйы сæргълæууæджы куыд фæнысан кодта, афтæмæй, адæмы иудзинад у сæйраг.
Чырыстон моладзандонты ацы бон Хуыцаумæ уæлдай æхсызгондæрæй кувынц. Мин азы размæ кънйаз Владимир рахаста уынаффæ Уæрæсе саргъауын. Уыцы ахсджиаг хъуыддаг æнустæм сбæлвырд кодта славяйнаг адæмты иумæйаг фидæн.
Бæрæгбоны фæдыл сæрмагонд Литурги сарæзтой кънйаз Сыгъдæг Владимиры номыл аргъуа ны. Службæйы фæстæ аргъуаны сæрмагонд фæткмæ гæсгæ бакуывтой. Сихорæй та æппæт чырыстон аргъуанты азæлдысты дзæнгæрджыты бæрæгбоны зæлтæ. Уырнон адæм ацы бæрæгбоны фæкувынц адæмы иудзинадыл.
Ацы аз Цæгат Ирыстонæн уæлдай ахсджиаг у. Тагъд рæстæджы республикæ бæрæг кæндзæн Аланийы аргъуыды 1100 азы бон. Мадзæлттæ ацæудзысты сентябры. Бæрæгбонмæ ныр цалдæр азы дæргъы цæттæ кæнынц. Сæрмагонд Литурги ацæудзæн Георгийы номыл кафедралон аргъуаны. Йæ сæргъыл ын снысан кæндзысты Мæскуыйы æмæ æппæт Уæрæсейы Сыгъдæг Патриарх Кирилл.
Ныридæгæн республикæйы цæуынц ацы ахсджиаг боны кадæн мадзæлттæ. Афæдзы райдианæй абоны онг аразынц равдыстытæ, наукон конференцитæ, ирон монон музыкæйы концерттæ.
















