Дзæуджыхъæуы Студенческая уынджы æрцыд зынгсирвæзт. Ссыгъд аугыридурæй арæзт иууæладзыгон арæзтад æд хъæдæй конд æфтуанагъуыстытимæ. Æмткæй райсгæйæ, зынг апарахат 60 квадратон метры фæзуатыл.
Æвæстиатæй бынатмæ батагъд кодтой зынгхуыссынгæнджытæ, 49 адæймаджы, техникæйы 13 иуæджы. Цыбыр рæстæгмæ зынгсирвæзт аиуварс кодтой. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады куыд фæнысан кодтой, уымæ гæсгæ дзы арт никæй бахъыгдæрдта.
















