«Премия жизни», зæгъгæ хæрзиуæгæй схорзæхджын кодтой Дзæуджыхъæуы цæрæг, 100 аздзыд сылгоймаг Кучиты Софьяйы. Преми саккаг кæнынц 100 азы сæрты чи ахизы, уыцы адæмæн.
Снысан æй кæны Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг. Кучиты Софья йе` нусон юбилей сбæрæг кодта 15 июльы. Арфæйы ныхæстæ ракæнынмæ йæм æрбамбырд сты йæ хиуæттæ æмæ къабæзтæ. Дидинджытæ æмæ преми райста Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Цъыккаты Лорæйы къухæй. Кæй йæ æрхъуыды кодтой, уый тыххæй Кучиты Софья загъта бузныг.
«Премия жизни», зæгъгæ хæрзиуæг Хадарцаты Махарбег снысан кодта 5 азы размæ. Бирæты базонын фæфæныд йæ бæрц- у сæдæ мин сомы. 5 азы æмгъуыдмæ ацы премийæ схорзæхджын кодтой 10 адæймаджы. Се хсæн алы адæмы хæттыты минæвæрттæ.
















