400 мин сомы ипотекæйы хуызы æххуыс цæрæнбынат самал кæнынæн. Субсиди исджыты номхыгъд сфидар кодтой хицауады æмбырды.
Се `хсæн 35 азы онг кæуыл цæуы, уыцы æрыгон специалисттæ. Уыдон, хъæуы чи кусы, медицинæ æмæ ахуырады къабазы чи фæллой кæны, ахæмтæ. Æхцæйы фæрæзтæ сæ бон схардз кæнын у цæрæнбынт æлхæнгæйæ.
Æппæт фæрæзтæ дæр дихгонд цæуынц сæрмагонд паддзахадон программæйы фæлгæты. Республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз бабар кодта, цæмæй 2021 -æм азы бюджеты ацы хъуыддагæн æхцайы фæрæзтæ фидаргонд æрцæуа.
















