Хуыздæр æндадзджыты, дурæвæрæджыты, æмæ ссæрджыты æркаст уыд Дзæуджыхъæуы. 5-æм училищæйы арæзтадон профессийы хуыздæр специалистты сбæрæг кодтой. «Строймастер», зæгъгæ конкурс сарæзтой 9-æм хатт.
Дзæуджыхъæуы 5-æм училищæйы уыд рæсгъд æмæ аив бæрæгбон. «Строймастер», зæгъгæ æркаст æрбангом кодта йæ куыст æцæгæйдæр бирæ чи уарзы, ахæм специалистты. Амайынмæ чи сæрæндæр у? Æндадзыны куысты та арæхстджындæр? Уыдоны сбæрæг кодтой жюрийы уæнгтæ.
Æркасты архайдтой Дагестаны, Кæсæг-Балхъары, Цæцæны, Стъараполы æмæ Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ. Сæ арæхстдзинад сбæрæг кодтой 5 номинацимæ гæсгæ. Конкурсы архайдтой æдæппæттæй 30 адæймаджы. Хуыздæр амайджытæ, æндадзджытæ куыд арæхсынц сæ куысты уый фенынмæ æрбацыдысты бирæ адæм. Се `хсæн Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы миистрады минæвæрттæ дæр. Мадзал рауад цымыдисаг.
«Строймастер» æркаст аразынц 2010 азæй нырмæ. Уæдæй абонмæ конкурсы архайджыты нымæц рæзы. Уæдæ мадзал аразджытæ æххуыс цух дæр не `сты. Арæх сын вæййы фæкæсджытæ дæр.
Æркасты кæронбæттæны сбæрæг сты уæлахиздзаутæ дæр. Афтæмæй хузыдæр амайæгыл банымадтой Стъараполы минæвар Алескандр Смирновы, хуыздæр къултæсæрдæг Дагестаны минæвар Башир Митоевы. Хуыздæр æндадзæг та ссис Дагестаны минæвар Гаджиты Тимур. Схорзæхджын сæ кодтой кады гæххæттытæй æмæ зынаргъ лæвæрттæй. Ныр уæлахиздзаутæ Цæгат Кавказы федералон зылды номæй дарддæр архайдзысты æппæтуæрæсеон æркасты къæпхæны, Мæскуыйы.
Уазиты Зæлинæ















