Дзæуджыхъæуы уынгтæм балцы рацыд Ног азы трамвай. Бæрæгбонмæ сæрмагондæй аивгонд трамвай горæты цæрджытæм æмæ уазджытæм гуырын кæны хъæлдзæг æнкъарæнтæ.
Бæлццæтты ласы лæвар, æвдисынц ма дзы Ног азимæ баст аивадон æмæ мультипликацион кинонывтæ. Маршрутмæ трамвай рацæуы алы бон дæр. Йæ фыццаг æрлæууæн ис 26-æм скъолайы цур, 17 сахатыл. Дарддæр цæуы æнæ бауромгæйæ. Йæ фæндаг ахæссы сахат æмæ ‘рдæг.
Бæрæгбонхуыз трамвай кусдзæн 17-æм январьмæ. Ныридæгæн дзы бирæтæн бантыст атезгъо кæнын. Уæлдай æхсызгонæй та йæм сывæллæттæ фенхъæлмæ кæсынц.
















