Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл культурæ æмæ фæлладуадзæн парчы йæ дуæрттæ уæрæх байтыгъта Митын Дадайы хæдзар. Ног Азы бæрæгбоны диссæгтæ аразæджы резиденцийы сабитæй къух бакæнæн нæй. Гыццыл чызджытæ æмæ лæппуты фембæлд Митын Дадаимæ аххæсы сахаты ‘рдæг. Дада сæм Митæимæ фенхъæлмæ кæсынц æрвылбон 11 сахатæй фæстæмæ.
Ног азы алæмæты цаутæ аразæджы хæдзар гом уыдзæн 17-æм январы онг. Сабитæ дзы æмбæлдзысты аргъæутты хъайтартимæ, семæ зардзысты æмæ кафдзысты. Уæдæ æмдзæвгæ хуыздæр чи радзуры, уымæн та Митын Дада йæ хордзенæй сласы адджын лæвар.
















