Дзанайты Барис фембæлд Хæдбар æхсæнадон цæстдарды ассоциацийы сæрдар, бæстæйы президенты цур граждайнаг æхсæнад æмæ адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг Советы уæнг Александр Бродимæ.
Æмбырды бацархайдта республикæйы центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ дæр. Премьеры ныхæстæм гæсгæ, Ассоциаци æппæт æвзæрстытæм дæр стыр æвæрæн бахæссы. Александр Брод куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæйрагдæр у эксперттæ æмæ цæстдардджытимæ æмгуыстад. Загъта, Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы фыццаг хатт кæй не ‘рцыд æмæ регионы æвзæрстытæ кæддæриддæр кæй ацæуынц хорз æмвæзадыл.
















