“Экологон фæрныгад” национ проектмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы сараздзысты бырон хицæнгæнæн комплекс. Йæ хъомыс 100 мин тоннæйы афæдзмæ, уыимæ йæ иумæйаг хъомыс афæдзмæ 250 мин тоннæйы кæмæн у, ахæм полигон. Объект скусын кæнын фæнд кæнынц ацы аз.
Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды хицæнæй æрдзырдтой цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы куыстуæтты райрæзт, коммуналон лæггæдтæн фидыны пилотон программæйыл.
“Коммуналон инфраструктурæйы рацарæзт” федералон проектмæ гæсгæ Æрæфы районы цалцæг кæнынц дондзæуæн хызтæ. Куыст цæуы фæткмæ гæсгæ, архайд дзы пъланмæ гæсгæ фæуыдзæн 2027-æм азы. Финансты гуырахст — 1,2 млрд сомы.
Ноджы ма иу ахсджиаг темæ – Беслæны мемориалон комплекс “Зæдты сахар”-ы рацарæзт.
Дзанайты Барис фæнысан кодта, æппæт мадзæлттæ дæр хъуамæ æххæстгонд æрцæуой куыд æмбæлы, афтæ стæй афойнадыл
















