Цæгат Ирыстоны 10 мин фарæстæмкъласонмæ хæстæг кæронбæттæн ныхасы хуызы радтой фæлварæн. Амынд фæлварæн у æнæмæнг дæттинаг, æнтыстджынæй йæ чи баххæст кæна, уыдоны бауадзысты паддзахадон аттестацимæ.
Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй алцыдæр ацыд фæткмæ гæсгæ, скъолаты сарæзтой æмбæлгæ уавæртæ. Ахуырдзаутæ 15 минутмæ баххæст кодтой цыппар хæслæвæрды: текст хъæрæй бакастысты, уæлæмхасæн хабæрттæй пайда кæнгæйæ, уыцы тексты мидис радзырдтой, æвзæрст темæтæй иумæ гæсгæ монологы хуызы раныхас кодтой, стæй фæлварæн исæг ахуыргæнæгимæ ныхас кодтой. Алы къæпхæнмæ бацæттæ кæнынæн сын лæвæрд уыд иу минутæй æртæйы онг.
Бæлвырд аххосæгты тыххæй фæлварæнмæ чи нæ æрбацыд, уыцы ахуырдзаутæ йæ уæлæмхасæн дæтдзысты 11 мартъийы æмæ 20 апрелы.
















