Цæгат Ирыстоны дарддæр тæрккъæвдаты фæстиуджытæ иуварсгонд цæуынц. Ныртæккæ Терчы донвæд сыгъдæг кæнынц Ногиры. Уый тыххæй вице-премьер Томайты Ирбег фехъусын кодта Аппаратон æмбырды рæстæг. Амыдта йæ республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Боныхъæды аххосæй фæкъуылымпы культурон объектты рацарæзт дæр. Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константины ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ бауромын бахъуыд дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ.
Ныхас цыд экологон уавæрыл дæр. Æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Алагир, Æрыдон, Дигора æмæ Беслæны бырондæттæ аиуварс кæныны проектон-хыгъдон гæххæттытæ цæттæ сты. Ныртæккæ сты экспертизæйы Æрдзмæ цæстдарды управленийы. Федералон æмвæзадыл ныртæккæ бæрæггонд цæуынц Æрыдон æмæ Алагиры сыгъдæггæнæн куыстуæтты проекттæ дæр. Æдæппæтæй сты 100 млн сомæн.
Æмбырды рæстæг ма куыд рабæрæг, афтæмæй Ирон театр æмæ Вахтанговы номыл Уырыссаг театрты цалцæгæн ныридæгæн федералон бюджетæй рахай кодтой 200 млн сомы. Ныртæккæ бæрæггонд цæуы куыстыты гуырахст. Ныхас цыд фæндаггон уавæрыл дæр. Ныртæккæ Уæллаг Ларсы арæны сæрты ахизынвæнд чи кæны, уыдоны нымæц фæкъаддæр. Æдæппæтæй рады лæууынц 637 уæзласæн æмæ 50 рог хæдтулгæйы.
















