Цæгат Ирыстоны инвестициты фарстаты фæдыл советы цы проектты ‘вварс рахæцыдысты, уыдоныл æрдзырдтой Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Архайдтой дзы æххæстгæнæн оргæнты разамонджытæ, районты сæргълæуджытæ, бизнес-æхсæнады минæвæрттæ.
Премьер фæнысан кодта, сæйраг нысан у — амалхъом адæймæгтæн æххуыс кæнын. 2021-æм азæй 2025-æм азы октябры онг егъау инвестпроектты руаджы республикæйы бюджет райста 700 млн сомы бæрц хъалонтæ. Уымæй уæлдай, бантыст 3 мин куысты бынатæй фылдæр саразын.
Хицауады сæрдар бафтыдта, фæткхæлдтыты рæстæг кæй хъæуы æмбæлгæ мадзæлттæ нысан кæнын.
















