preloader
сейчас в эфире
21:14
НОВОСТИ 12+
Смотрите Далее
21:20
СТАТУС ТРЕНЕР 12+
21:55
РОЖДЕНИЕ УЗОРА 16+
22:05
ПОЛОВИНКИ НЕВОЗМОЖНОГО (1,2 СЕРИИ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
НОВОСТИ 12+
close

Дзасохты Музафер бæрæг кæны йæ 85-азы юбилей

10.01.2022 20:15

Йæ бирæвæрсыг курдиат ирон литературæйы æмæ культурæйы ахсы зынгæ бынат.

Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, поэт, публицист, тæлмацгæнæг, æхсæнадон архайæг. Абон йæ 85-азы юбилей бæрæг кæны Дзасохты Музафер. Йæ бирæвæрсыг курдиат ирон литературæйы æмæ культурæйы ахсы зынгæ бынат. Ныффыста бирæ æмдзæвгæтæ, уацмыстæ, радзырдтæ. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Шекспиры сонеттæ æмæ Омар Хайямы цыппаррæнхъонтæ. Музафер хорзæхгонд у Хетæгкаты Къостайы номыл премийæ литературæйы къабазы.


Ацы рæнхъытæ Дзасохты Музафер ныффыста хæрзæрæджы. Мыхуыры нæма рацыдысты. Ирон æвзагмæ æгæрон уарзондзинад поэты æнгом сбаста литературæимæ. Скъоладзау уæвгæйæ Музафер газеты бакасти йе ‘мгæртты фыст æмдзæвгæтæ. Уæд, йæ стырдæр бæллиц сси искуы йæ уацмыстæ рухсмæ рауадзын.

Николаевская станицæйы скъола каст куы фæци, уæд Музафер бацыд паддзахадон педагогон институтмæ. Йæ профессионалон фæндаг та райдыдта газет «Рæстдзинад»-ы. Куыста дзы 10 азæй фылдæр. Уыцы рæстæг юбиляр мысы уæлдай хъарм æнкъарæнтимæ.

Музаферы æмдзæвгæты фыццаг æмбырдгон «Фыды фарн» мыхуыры рацыд 1964 азы. Бавæрдта дзы арф философон хъуыдытæ, лирикæ, уыимæ дзы уыд сывæллæттæн хуымæтæг æмдзæвгæтæ дæр. Музаферы фыст æмдзæвгæтæй бирæтæ систы зарджытæ. Йæ бирæвæрсыг курдиат канд поэзийы нæ раргом. У бирæ прозаикон уацмысты автор. Музафер йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ прозæ у автобиографион. Фыссы йæхи царды тыххæй, йæ бинонты уæззау хъысмæтыл.

Дзасохты Музафер канд поэт, фыссæг æмæ публицист нæу. Зындгонд у куыд курдиатджын тæлмацгæнæг. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта дунейы классикон литературæйы уацмыстæ. Се ‘хсæн «Приключения Чиполлино», «Маленький принц», «Малыш и Карлсон». Ирон академион театрæн бирæ азты дæргъы тæлмац кодта пьесæтæ. Хæрзæрæджы бакуыста Островскийы пьеса «Доходное место»-йыл. 2001 азы Дзасохты Музаферы схорзæхджын кодтой Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийæ чиныг «Дзæбидыры хъул» æмæ Омар Хайямы «Рубаи»-ты тæлмацы тыххæй. Нымад у адæмон поэтыл. Музафер у Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы уæнг.

Дзасохты Музаферыл сæххæст 85 азы. Йе сфæлдыстадон фæндаг рауад бирæвæрсыг æмæ хъæздыг. Иу бон дæр æнæ сфæлдыстадæй нæ уыны. Ныр ма йын мыхуыры нæ рацыд йе ‘мдзæвгæты 6 æмбырдгонды. Юбиляры ныфс ис, рухс кæй фендзысты.

Хуасдзауты Алинæ

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Сергей Томаев I Дело мастера
27.05.2026
Доброе утро, Осетия I 27.05.2026
27.05.2026
Хъуырман, скъолайы рауагъдонтæ æмæ бурхил адæмы бон | Йæ рæстæгыл
26.05.2026
Нузал I Вокзал для двоих
26.05.2026
Марина Айлярова I Профессиональный путь
26.05.2026
Ипотека, кредитные карты, рассрочки I Разбор полетов
26.05.2026
26.05.2026 | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
26.05.2026
Фæрдгуытæ
25.05.2026
25.05.2026 I Самое время
25.05.2026
Доброе утро, Осетия! I 25.05.2026
25.05.2026
В итоге: 24.05.2026
24.05.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 24.05.2026
24.05.2026
Чеджемты Æхсар I Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин
23.05.2026
Сæрмæтаг археологийы тыххæй, фестиваль «Бонвæрнон» æмæ проект «Фыдæлты Хæдзар» I Йæ рæстæгыл
22.05.2026
Хæдзарадон I 22.05.2026
22.05.2026
Все рекомендуемое