preloader
сейчас в эфире
19:58
САМОЕ ВРЕМЯ 12+
Смотрите Далее
20:30
OSSETICA. СОКРОВИЩА КАВКАЗА 12+
21:00
НОВОСТИ 12+
21:20
ПО БОЛЬШОМУ СЧЕТУ 12+
23:05
ЮРОЧКА (1-АЯ СЕРИЯ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
САМОЕ ВРЕМЯ 12+
close

Дзгойты Маринæ Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæдта Æппæтуæрæсеон конкурс “Мадæлон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæджы”

19.09.2025 20:07

Беслæны сывæллæтты 5-æм рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ арæх фæархайын алыхуызон ерысты. Алкæддæр вæййынц раззагдæрты ‘хсæн. Æппынæдзух фылдæр кæнынц сæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад. Сабитимæ куысты та уый ахсджиаг у.

Дзгойты Маринæ Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæдта Æппæтуæрæсеон конкурс “Мадæлон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæджы” номинаци “Мадæлон æвзаджы хуыздæр хъомылгæнæджы”. Æркасты фæлварæнты йæхи равдыста иттæг хорз цæттæгондæй.


Афтæ æхсызгонæй Дзгойты Маринæйыл сæмбæлдысты йæ уарзон Беслæны 5-æм рæвдауæндоны. Ахуыргæнæг “Мадæлон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæг” конкурсы номинаци “Мадæлон æвзаджы хуыздæр хъомылгæнæг”-ы бацыд 15 раззагдæр архайæджы хыгъдмæ. Æппæтуæрæсеон къæпхæн ацыд Бурятийы. Æркасты архайджытæ уыдысты бæстæйы алы регионтæй – æдæппæтæй 120-æй. Алыхуызон фæлтæрæнты равдыстой сæ арæхстдзинад æмæ зонындзинæдтæ. Маринæйы цæттæдзинад уыд бæрзонд æмвæзадыл. Се ‘мкусæджы æнтыстдзинадыл рæвдауæндоны фæцин кодтой.

Конкурсты архайын Маринæйæн ногдзинад нæу. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, педагог хъуамæ æппынæдзух архайа йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæныныл. Йæ куысты спайда кæны ног методикæтæй, йæ куысты бындур арæзт у ирон æвзагыл, цæмæй сывæллæттæ иронау дзурой.

19 азы кусы Маринæ хъомылгæнæгæй. Йæхæдæг сабийæ ирон æвзагыл фыста æмдзæвгæтæ æмæ аргъæуттæ. Активонæй архайдта конкурсты, арæх иу сси уæлахиздзау. Сфæлдыстад сси сæйраг фæрæз хъомылгæнæджы куысты. Йæхæдæг куыд зæгъы афтæмæй иу бон дæр нæ фæфæсмон кодта йæ равзæрст фæндагыл. Разы дзы сты йæ разамонджытæ дæр.

г.Беслан. – мæнæн куыд разамонæгæн, афтæ ацы хъуыддаг у тынг ахсджиаг. Уымæн æмæ ахæм профессионалтимæ у æнцон æмæ æхсызгон кусын. Уыдон цæттæ сты алы ногдзинæдтæм дæр. Æз сæрæстыр дæр мæ педагогтæй.

Беслæны сывæллæтты 5-æм рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ арæх фæархайын алыхуызон ерысты. Алкæддæр вæййынц раззагдæрты ‘хсæн. Æппынæдзух фылдæр кæнынц сæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад. Сабитимæ куысты та уый ахсджиаг у.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Дебаты. Выборы депутатов Государственной Думы 2026
24.08.2026
24.08.2026 I Доброе утро, Осетия!
24.08.2026
Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин… I Гæздæнты Булат
23.08.2026
В итоге: 23.08.2026
23.08.2026
Агурӕг I 22.08.2026
22.08.2026
Аккорды мыслей I Земфира Цахилова
22.08.2026
Зæххыты уавæр, Къостайы хæдзар-музейы цалцæг æмæ спортсмен-экстремал I Йæ рæстæгыл
21.08.2026
Здоровая красота I Доброе утро, Осетия!
21.08.2026
20.08.2026 I Кадры
20.08.2026
20.08.2026 I Тактика
20.08.2026
Студенческие спортивные клубы, цветение амброзии и актуальные новости недели I Самое время
20.08.2026
20.08.2026 I Ирон чат
20.08.2026
Æппæтдунеон нартхоры бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
20.08.2026
Георгий Гогичаев I Истории из жизни
19.08.2026
19.08.2026 I Дело мастера
19.08.2026
Все рекомендуемое