Нæ дарддæры æрмæджы та радзурдзыстæм фæллойуарзаг адæймаг Джабиты Ленæйы тыххæй. Кæны фосдарыны куыст. Паддзахадон æххуыс райсыны фæнд никуы кодта. Æппæт дæр — йæхи тыхтæй. Фондз азы размæ цалдæр сæныччы балхæдта. Ныр йæ хæдзарады ис 30 сæгъы. Се ‘хсырæй та бонмæ рауайы 5 цыхты.
Адæймаг цыфæнды куыст куы кæна, уæддæр ахсджиаг вæййы зæрдæргъæвдæй æмæ æнæхинæй фæллой кæнын. Уæд дзы бæркад дæр уыдзæн. Бæркадджын у Джабиты Ленæйы хæдзарад дæр. Дары сæгътæ, кæрчытæ æмæ хъыбылтæ. Гыццыл бакуысты бирӕ бӕркад нӕй, зæгъгæ, зæгъы Ленæ. Æрвылбон райсомæй изæрмæ æгуыстæй иу минут дæр нæ бады.
Ленæ фосы куыст йе ‘рыгонæй фæстæмæ кæны. Фæлæ сæгътæ дарын фондз азы размæ райдыдта. Куыд зæгъы, афтæмæй сыгъдæг æмæ зондджын фос сты. Се ‘хсыр та æвдадзы хосæй уæлдай нæу.
Хъæууон царды бирæ фыдæбон ис, уый сусӕггаг нӕу. Фӕлӕ къӕсӕрӕй дуармӕ дӕ хиды ӕртахы бын бӕркад гуырын райдайдзӕн. Никӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, афтӕмӕй дӕ бинонтӕ дарын фӕразыс. Мах заман уый ахсджиаг у. Уæлдай зын та хæхбæсты цæрын у. Суанг ма боныхъæд дæр цыбыр рæстæгмæ цалдæр ивды акæны. Иу сахат хур вæййы, иннæ — къæвда. Ныр дæр та цалынмæ Ленæ йæ фосы сæ бынæттæм кодта, уæдмæ уарын райдыдта. Фæлæ сылгоймаг хъæууон цардыл йæ зæрдæ нæ ивы.
Ленæ у Гæгæцты чызг. Райгуырд æмæ схъомыл Алагиры районы Æрхоны. Йæ сæры хицау геологæй кæй куыста, уый тыххæй æрцардысты геологтæ-сгарджыты посёлочы. Кæддæры нæргæ хъæуы абон Джабитæ цæрынц иунæгæй. Ленæйæн ис фырт æмæ дыууæ чызджы. Уыдон сæ цотимæ иумæ æппынæдзух сты йæ цуры.
Ленæйы хæдзарады ис цыппæрдæс сæгъы æмæ иуæндæс сæныччы. Æппæтыл дæр-нæмттæ. Диссаг у, фæлæ сæ йæ ном алкæцы дæр зоны. Кæмæ фæдзуры, уый йæ уæлхъус æрбалæууы. Боны фæллойы æфтиаг — 5 цыхты. Ленæ сæ уæй кæныны фæнд дæр нæ кæны. Æрмæст бинонтæн. Кусын æппæт дугты дæр уыд кады хъуыддаг, цæрыны иунæг фæрæз. Фæллой кæм уа, фарн дӕр уым ис. Уымæн æвдисæн Джабиты Ленæ.
















