Дзæуджыхъæуы ацыд æрыгæтты ‘хсæн футболон лигæйы чемпионаты радон тур. «Алани» суазæг кодта Малгобекаг «Ангушт». Фембæлд рауад ирд æмæ цымыдисаг. Нæ командæ равдыста иттæг хорз хъазт æмæ, куыд фæстиуæг, — фæуæлахиз 6:1 хыгъдимæ. Цыппар матчы фæстæ сæрмагонд таблицæйы «Алани» ис фыццæгæм бынаты. Сæ ныхмæлæуджытыл фæуæлахиз сты 18:1 иумæйаг хыгъдимæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æрыгæтты ‘хсæн футболон лигæйы сæ бон архайын кæй у æрмæст 2007 азы фæстæ гуырд спортсментæ. «Алани» йæ цæттæдзинад æвдисы «Юг», зæгъгæ, хайы. Ацы къорды ма ис Цæгат Кавказы æндæр регионтæй 7 комнадæйы.
















