preloader
сейчас в эфире
11:49
МУЗЫКÆ 12+
Смотрите Далее
11:55
ВРАЧ ОТ БОГА. СВЯТИТЕЛЬ ЛУКА КРЫМСКИЙ 16+
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
13:15
АИВАДЫ ФÆЗ. ТРИО "АРТ" 12+
14:40
ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГМÆ 12+
15:10
НЕ 'ВЗАГ СÆ ХÆЗНА 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЗЫКÆ 12+
close

Джимиты Дзерассæ Фарныхъæуы цæры 17 азæй фылдæр

15.10.2024 14:01

Дзерассæ та йæ фидарæй зоны — хъæуккаг цард хицæн кæны хъармдзинадæй.

Афтæ хæларæй æмæ хъæлдзæгæй Джимиты бинонтæ æмбырд кæнынц сихоры фынгмæ. Хæдзары æфсин сын ракодта
хæрзад чъиритæ. Аходæны фæстæ кæстæртæ иумæйагæй фынг афснайдтой. Хæдзары куыстытæ кæддæриддæр бирæ вæййы. Джимиты Дзерассæ сæ йæ цоты ‘хсæн адих кæны афтæ, цæмæй сæ алчидæр йе ‘вæрæн бахæсса иумæйаг хъуыддагмæ.

Агуындæ нартхоры кæрдзынтæ æвæры тæбæгъыл. Йе ‘фсымæртæ сæ тынг уарзынц, уæлдайдæр та хъармæй. Сæ хæрзад тæф дардмæ цæуы. Дзерассæйы ныхæстæм гæсгæ, йын йæ чызг йæ къух зынгæ фæрогдæр кæны. Йæ фырттæ Тимур æмæ Тамерлан та уыцы рæстæг архайынц цæхæрадоны. Сæ зæххы хай стыр у. Зайын кæнынц пъамидортæ, джитритæ, бырц, уыимæ бирæ æндæр халсартæ æмæ дыргътæ. Ардæм, Фарныхъæумæ, Дзерассæ смой кодта 23 аздзыдæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццæгты йын æнцон нæ уыд. Фæлæ йæ фарсмæ уыдысты йæ бинонтæ, алы хъуыддаджы дæр ын æххуыс ын кодтой.

Слыгоймаг хъæуы цæры 17 азы. Йæ бинонтæй тынг разы у, кæй сæм æрбахауд, уый стыр амондыл нымайы. Медицинон колледж каст куы фæцис, уæд кусынмæ бацыд тагъд медицинон æххуысмæ. Куыд радзырдта, афтæмæй йæ дохтыр суæвын фæндыд сабийæ фæстæмæ. Ныр, хæдзары куыстытæ уæлдай фæллой кæны рынчындоны. Йæ кæстæр чызгмæ та йын фæкæсынц хистæр сывæллæттæ.

Афтæ хъæлдзæгæй сывæллæттæ ‘рвитынц сæ рæстæг. Дзерассæ та йæ фидарæй зоны — хъæуккаг цард хицæн кæны хъармдзинадæй. Ам иууылдæр кæрæдзийы зонынц, адæм баххуыс кæнынмæ кæддæриддæр сты цæттæ. Суанг ма йын, æртæ фаззоны хъомыл кæнынмæ дæр сыхæгтæ фæкастысты.

Ахæм иумæйаг архайд та дзурæг у ууыл, хъæуы цæрынц иу бинонты хуызæн. Абон, хъæуккаг сылгоймæгты боны фæлгæты арфæ кæнынц се ‘ппæтæн дæр.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Самое время I 29.06.2026
29.06.2026
Один из способов изготовления кобанских металлических предметов I Ossetica
29.06.2026
Прощание со школой! I Доброе утро, Осетия!
29.06.2026
В итоге: 28.06.2026
28.06.2026
Хуыриаты Валерий | Аивады фæз
27.06.2026
Вторая жизнь любимых песен | В своём кругу
27.06.2026
Виталий Сланов I По большому счету
26.06.2026
Артаг, Тугъанты Махарбеджы мысæн бон æмæ Брытъиаты Елбыздыхъойы ног цыртдзæвæн I Йæ рæстæгыл
26.06.2026
День молодежи I Доброе утро, Осетия!
26.06.2026
Топливный кризис в России I Бизнес сфера
25.06.2026
Гæздæнты Булаты мысæн изæр I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
25.06.2026
Дефицит рабочих кадров | Национальные интересы
24.06.2026
Тамара Щукина I Дело мастера
24.06.2026
«Право на риск. Отрасль с нуля» I Точка отсчёта
24.06.2026
Переливание крови I Доброе утро, Осетия!
24.06.2026
Все рекомендуемое