У Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Æрдзон Фæдзæхст бынаты наукон кусæг. Йæ куыст æй афтæ разæнгард кæны æмæ бархионы куыст кæнын райдыдта. Æмхиц у æрдзыл æмæ йæ цæрæгойтыл дæр. Ныр сфæнд кодта йæ хæдзары хъæддаг сырдты реабилитацион центр байгом кæнын. Кæй дзы дзæбæх кæна, уый йæм ныридæгæн ис. Дзуццаты Зауыримæ æмæ йæ цæрæгойтимæ абон фембæлд нæ уацхæссæг Къуымæлæгкаты Фатимæ.
Ацы тæхсал æнæхицау бæргæ нæ уыд. Фыр буцæй ма йыл ном дæр сæвæрдтой Гришæ хуыйны. Фæлæ йæ хъысмæт сæ хæрхтæй нæ рауад. Йæ астæуы хъæд цæф баййæвдта. Ныртæккæ сырд йæ раззæгтыл быры. Уыцы фыдбылыз ын фаг нæ уыд æмæ ма йæ йæ цы бинонтæм цард уыдон фæсдур фæкодтой. ахæм хуызы йыл фембæлд Дзуццаты Зауыр.
Зауыр йæ сабибонтæй нырмæ сырдты бирæ уарзы. Йæ хъысмæт дæр семæ уый тыххæй сбаста. Скъола каст куы фæцис уæд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетмæ бацыд зоологыл ахуыр кæнынмæ. Ныридæгæн Зауырмæ цæры бирæ цæрæгойтæ. Фенæнæм ис дыууæ куыдзы, гæды, 6 тæрхъусы, уыг ,тæхсæл, сæтæлæг æмæ булæмæргътæ. Æвзонг лæппу цæрæгойты хи хъарутæй дары. Фæлæ æххуысæн дæр нæ нæ зæгъид.
Ардæм сырдты æрбаххæсынц сæ хъысмæтмæ сын куыд фæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, ахæм адæм. Цæрæгойтæн сæ фылдæр вæййынц цæфтæ æмæ рынчын. Зауыр куыд зæгъы, афтæмæй йæ сырдтæ кæрæдзийымæ хæларæй цæрынц. Нæлгоймаг фидæнмæ йæ размæ æвæры бирæ хæстæ. Сæ сæйрагдæр сырдтæ дарæн бынæттæ фæфылдæр кæнын.
Къуымæллæгкаты Фатимæ
















