Æнæнхъæлæджы сæ афтидæй аззадысты. Куыд зæгъынц, афтæмæй уыдæттæ афоныл нæ базыдтой. Ныр сарæзтой хъæппæрисджын къорд, цæмæй сæ бартыл фæстæмæ стох кæной. Фæлæ сын цас æнцон уыдзæн, уый зын зæгъгæн у. Зæххытыл йæхи чи ныддæлгом кодта, ахæм ног хицау дæр сын ис. Кæмæн сæ байуæрстой, уыдон дæр хъæбæрдзыхæй сæ бартыл дзурынц. Ома, дам, сæ закъонмæ гæсгæ райстам. Куыд нæм кæсы, афтæмæй хъуыддаг тæрхондоны дуар бахойдзæн. Цæмæн æмæ кæй аххосæй фæныхмæ сты адæм кæрæдзимæ, уый æвзарынæй раст сæр разилдзæн. Фæлæ нæ уацхæсджытæ бацархайдтой æмæ сæм бакæсæм.
Ацы зæххытæ раздæры совхозы бæрны уыдысты. Кæддæр-иу нартхор æмæ картофы хуымтæй бæз-бæз кодтой. Уыйфæстæ сыл Майрæмададжы цæрджытæ сæ фос хизын райдыдтой. Алы дыккаг бинонтæ дæр уымæй цæрынц. Фæлæ 7 азы размæ хур мигъты фæстæ амбæхст: зæххыты 59 гектарæн æваст ног хицау разынд. Адæм сабухтой, нæ зæххытæ нын нæхицæн уадзут, зæгъгæ.
Плиты Лианæ фондз сывæллоны хæссы. Зæхх æй ай-гъай хъæуы. Стæй канд уый нæ, фæлæ ма бирæты. Фæлæ сæм хъусæг нæй. Бынæттон администрацийы дзуапп – уыцы иухуызон: зæххытæ нæй. Хъæуы цæрджытæ амбырд сты æмæ хъæппæрисджын къорд ацарæзтой. Йæ уæнгтæ сты 60. 7 азы цы нæ хицауы дуар нал бахостой, ахæм нал баззад. Фæлæ сын «мидæмæ» зæгъæг афæтæ дæр нæма разынд.
Зындгонд куыд у, афтæмæй зæххытæ Алагиры районы администрацийы фæндæй æндæр хицауæн радтой суанг 2006-æм азы. Цæрджыты хъæппæрисджын къорд сæ бадомдта хицауы бартæ дæттæг гæххæттытæ равдисын, фæлæ сæм ницы равдыстой. Майрæмададжы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Таймураз куыд зæгъы, афтæмæй та æнæ районы зонгæйæ зæххытæн æбæрæг хицау нæ фæзындаид. Нæ уацхæсджытæ дæр районы разамынды бацагуырдтой, кæд сыл, мыййаг, хахуыртæ исчи кæны, зæгъгæ, æмæ сæ нæхæдæг бафæрсæм уыцы зæххыты тыххæй. Фæлæ мах дæр нæ хъусæг, нæ дзуаппдæттæгæй амонд нæ фæцис.
«Дзуапп уын ратдзæн уый, æмæ уыцы хъуыддæгтæ чи кодта. Мæ хæдивæг æмæ, ныр чи нал кусы, администрацийы уыцы сæргълæууæг. Мæнмæ ма дзурут, уымæн æмæ æз уыцы ракæ-бакæйы архайæг нæ уыдтæн», – Алагиры районы администрацийы зæххыты ахастдзинæдты, исбонады æмæ хъæууон хæдзарады управленийы хайады хицау Суанты Анатолий.
Районы прокуратурæмæ Майрæмададжы цæрджытæ куы бахъаст кодтой, уæд рабæрæг сты диссаджы хабæрттæ. 2013 азы 59 гектарæй 11 радтой дыргъдæтты æнæкоммерцион æмхæларад «Майрамадаг-2012», зæгъгæ, номимæ. Закъонадмæ цæстдарджытæ æнæнхъæлæджы рабæрæг кодтой, бынтон лæгъз кæй нæ уыд хъуыддаг, уый. Хабæрттæм кæсын бахъуыд республикæйы прокуратурæйы.
«Закъоны бындурыл Майрæмададжы администраци амынд зæххытæ никæмæн радта. Уымæй уæлдай ма хæлд æрцыдысты дыргъдæтты, цæхæрадæтты æмæ фæсгорæты хæдзæртты тыххæй федералон закъæттæ дæр. Зæххытæ кæм хъуамæ уой, уый æмбæлгæ хуызы иртæст не `рцыд. Дыргъдæтты æмхæларады арæзтадон куыстытæй бакæнæн цы ис, уыцы проект дæр фидаргонд нæ уыд», – РЦИ-Аланийы федералон закъонад æххæст кæнынмæ цæстдарды хайады хистæр прокурор Уртаты Зæлинæ.
Чидæр, дам, арсы уыдта æмæ, дам, ма йын йæ фæд агуырдта. Закъон хæлд æрцыд, уый алчидæр зоны, фæлæ зæххытæ раздахын хъæуы цæрджыты бон нæу. Иуæй-иуты хъуыдымæ гæсгæ, зæххытыл хицауиуæджы гæххæтытæ уыцы æбæрæг чидæр акодта. Æххуысагур адæмы хъæппæрисджын къорд æрхатд юристтæм.
Уæвгæ, зæххыты ног хицæуттæм дæр байхъусын æмбæлы. Дыргъдæтты æмхæларады уæнгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныр 7 азы сæ бон нæу сæ тъæпæнтæн исты бакæнын. Зæххытæ, дам, нын закъоны бындурыл радтой, уыимæ – лæвар. Фылдæр æрхаудысты, æххуысцух чи у, ахæм бинонтæм: йæ дзыпп кæмæн нæ амоны, бирæсывæллонджын, пенсиисæг адæмæн æмæ æндæртæн.
«Радтой нын ацы зæххытæ, фæнды нæ, исты дзы куыд кусæм, дзæгъæл лæуд куыд нæ кæной, афтæ. Фæлæ нæ бон нæу, уымæн æмæ нын нæ ныхмæлæуджытæ ахæм фадат нæ дæттынц», – дыргъдæтты æмхæларад «Ммайрамадаг-2012»-ы минæвар Козырты Светланæ.
«Мæ сывæллон у 1-æм къорды инвалид. Дзургæ нæ кæны, йæ къæхтыл нæ лæууы. Ацы ранæй хуыздæр ын нæй. Искуы ма исты зæххы гæппæл райсдзынæн, уый мæ уырнгæ дæр нæ кæны. Æмбарын уыдоны дæр, фæлæ мах дæр исчи бамбарæд», – Цæллагкаты Сергей.
Ныртæккæ дыргъдæтты æмхæларады хыгъды ис 30 бинонтæ. 11 гектары сыл байуæрстой æмхуызон хæйттæй. Сæ зæрдæ дарынц, тæрхондоны Майрæмададжы цæрджытимæ кæрæдзийы кæй бамбардзысты, ууыл. Æмæ кæд сæ бирæазыккон æнæзынгæ хæстæн дæр искуы кæрон куы `рцæуид…
Хъулаты Юрий
















