Иван Грозный, Жорж Милославский æмæ Тимофеев рæстæджы машинæимæ. Зындгонд киноныв «Иван Васильевич меняет профессию»-йы хъайтартæ, æвæццæгæн, алы адæймагæн дæр сты зонгæ æмæ уарзон.
Михаил Булгаковы пьесæ ныр фæзынд Евгений Вахтанговы номыл уырыссаг академион театры репертуары. Аивад уарзджыты размæ йæ рахæсдзысты райсом. Абон та театры ацыд сæйраг репетици. Равдыст хъæздыг у алыхуызон декорацитæ, ирд уæлæдарæс æмæ ахорæнтæй. Бацархайдзысты дзы 20 артистæй фылдæр. Уæвгæ, спектаклыл куыстой афæдзы ‘рдæгæй фылдæр, йæ режиссер — Джелыты Хъазыбег. Уырыссаг театры аивадон разамонæг Владимир Уваровы ныхæстæм гæсгæ, архайдтой, цæмæй сфæлдыстад адæмы размæ рахæссой чысыл æндæр хуызы. Зæгъын ма хъæуы, спектаклмæ билеттæ кæй сты æлхæд.
















