33 мин адæймаджы баисты Турк æмæ Сирийы зæххæнкъуысты амæттæгтæ. Чи фӕцӕф, уыдоны нымӕц ахызт 100 мины сӕрты. Сæ нымæц, хъыгагæн, фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Абон республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло аппаратон æмбырды рахаста уынаффӕ Турк æмæ Сирийы цæрæг ирæттæн ацы зын сахат баххуыс кæныны тыххӕй.
Хицауады уӕнгтӕ сæ иу боны мызд арвитдзысты зæххæнкъуыстæй хъыгдард баййафджытæн. Зын сахат адæймаджы фарсмæ æрбалæууын куыд ахсджиаг у, уый фæнысан кодта Турчы цæрæг ирон адӕмы æхсæнад «Алан»-ы сæрдар Хъуысаты Садреттин дӕр.
















