Рæмудзæн æрмæджытæ, алыхуызон хæцæнгарзы нæмгуытæ, пырх каскæтæ. Елхоты дыккæгæм скъолайы музейы экспонаттæ ирд æвдисынц хæстон дуджы цаутæ. Къултыл та – тохы быдыры чи фæмард, уыцы хъæбатырты хуызистытæ. Ардæм æрбацæугæйæ, цымæ алцыдæр ныссабыр вæййы, афтæ. Фæсивæд æй хорз зонынц куыд ахсджиаг у истори ма рох кæнын, кад ын кæнын.
Иуæндæсæмкъласон Гаглойты Миленæ æххуыс кодта равдыст цæттæ кæнынæн. Иумæйагæй йе ‘мкъласонтимæ архайы экспозици аразыныл. Ахуырдзаутæ фыссынц наукон проекттæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдоны тыххæй. Æмбырд кæнынц сæ цардвæндаджы тыххæй цымыдисаг хабæрттæ, æрмæджытæ. Хæсты рæстæджы хъæуæй фронтмæ ацыд 1200 адæймаджы. Уыдонæй дыууæ инæлары æмæ 63 та – офицертæ. Райгуырæн зæхх бахъахъхъæнынмæ ии бинонтæй æрлæууыд цалдæр æфсымæры. Зæгъæм, Беройты æмæ Бестауты 5 æфсымæры. Ам ма хъæбатырты номыл ис партæ. Йæ сæрмæ ауыгъд сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты йæ хæстæ æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыцы рауагъдонты хуызистытæ.
Фæсивæд хорз бахъуыды кодтой хъæбатыры ныхæстæ скъолайы тыххæй. Ахуыргæнджытæй иу та æфсæддонты тыххæй ныффыста æмдзæвгæ. Сæ цардвæндаджы тыххæй æрмæг ныридæгæн ис музейы. Дзусаты Эльзæ йе ‘мкусджытæ Къудухты Тамарæ æмæ Куымæриттаты Каринæимæ кусынц экспонат парахат кæныныл, хъæздыгдæр кæнын равдыст. Ахуыргæнæндоны директор Къудыхты Вадим та кæддæриддæр сæ фарсмæ балæууы.
Музей сарæзтой 1985-æм азы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизы 40 азы юбилеймæ. Уый директор æмæ хæсты архайæг Петр Сладковы хъæппæрисæй. Фарон, бындурон цалцæджы фæстæ экспозици фæхъæздыг кодтой ног экспонаттæй. Фæзынд дзы Украинæйы æмæ Афганистаны чи фæмард, уыцы цæгатирыстойнаг æфсæддонты тыххæй информаци. Ис дзы Интерактивон стъол æппæт хъусынгæнинæгтæ æмæ презентацитимæ. Хæстæгдæр рæстæг ноггонд равдыст байгом кæндзысты кадджын уавæры.















