Иу фæллойадон чиныг цæронбонтæм æмæ фæсте аззад 70 азы куыст уарзон бынаты. Мадзаты Еленæ æрæджы сбæрæг кодта 90 азы юбилей. Цæгат Ирыстоны Национ наукон чиныгдоны кусы 1956 азæй. Уыцы рæстæгмæ йæ къухы бафтыд
алы хайадты дæр бакусын, 30 азы снывонд кодта хъахъхъæнæн хайадæн, уый фæстæ сарæзта стæм чиныджы хайад. Йæ æппынæдзухы фæллойы тыххæй йæ бахастой Уæрæсейы рекордты чиныгмæ.
бонементтимӕ кусын райдыдта кӕсӕндоны, архайдта литературӕ æвзарыныл, уый фæстæ рахызт чиныгдонмӕ. Уым ыл баууӕндыдысты ӕппӕты ахсджиаг хæс – фонд бахъахъхъæнын.
Уæлдай уæззау фæлварæн сси 1967 азы зынгсирвæст. Арт æмæ дон бахъыгдæрдтой æгас фонд дæр. Милуан чиныджы бæрц кусджытæ сæхæдæг хастой бомбæтæй æмбæхсæн æртæ бынатмæ. Хъыгагæн, рауагъдты иу хай бахъахъхъæнын сæ бон нæ баци, фæлæ коллекцийы фылдæр хай аирвæзт.
1987 азы Мадзаты Еленæ ссси стæм чиныджы хайады бындурæвæрæг. Фонд æмбырд кодта йæ райдианæй. Архайд бирæ уыд.
Йæ мкусджытимæ иумæ лæмбынæг фыста бæрæггæнæнтæ, чингуытæ хаста, æвæрдта сæ тæрхæджытыл.
Йæ сæйраг куыстæй уæлдай ма Еленæ æндæр ахуырадон æмæ наукон кусæндæтты æххуыс кодта чингуыты каталогтæ аразынæн. Уæгъд рæстæг йæ ‘мкусджыты ахуыр кодта литературæ æмбырд кæныны домæнтимæ, семæ йæ фæлтæрддзинадæй хай кодта. Разамонæджы бынатæй куы ацыд, уæддæр йæ куыст нæ ныууагъта.
Еленæ йæ цард снывонд кодта чиныгдонæн. Ам ацыдысты йæ дæсныйады фæндаджы 70 азы. Бинонтæ афтæ дæр не скодта. Чиныгдонын абон дæр у царды йæ сæйраг бынат. Уæлдай хæларзæрдæ ахастæй кæсы æрыгон æмкусджытæм, сты йын куыд хиуæттæ. Лæвар сын кæны йæ зонындзинæдтæ, раздæр йæхæдæг цæуыл сахуыр, уый сын амоны.
Юбилейы фæдыл Еленæйæн раарфæ кодтой йе мкусджытæ æмæ республикæйы культурæйы министры фыццаг хæдивæг Рæмонты Маринæ. Ведомствæйы номæй йын зæрдиагæй загътой æнæниздзинад æмæ бузныг йæ дæсныйадыл æнувыд кæй у, уый тыххæй. Æвдай азмæ Мадзаты Еленæ бахъахъхъæдта æрмæст чингуытæ нæ, Фæлæ ма чиныгдоны кусджыты цалдæр фæлтæры нæмттæ дæр. Абон стыр аргъ кæмæн ис, уыцы информацийæ фæхай кæны чиныгкæсджытимæ æмæ æрыгон æмкусджытимæ.
















