Ирын сылгоймаджы фидыц — кæлмæрзæн сбийынæн цыллæ хыз, цъæгъæз æмæ къæцæл йедтæмæ ницы хъæуы. 250 цæджы æрмæст иу рæнхъы хъуамæ скæнай.
Алы цæг дæр 4 æлхынцъы бакæнынц, цæмæй фидар уа. Кæлмæрзæн тагъд æмæ æнцон кæнгæ нæу. Дыууæ мæйæ фылдæр ын хъæуы. Уый æнæ нывæфтыдæй. Хæлиты Ларисæ ацы æрмдæсныйад рагæй цымыдис кæны, фæлæ йын рæстæг нæ уыд. Институт, куыст, хæдзары архайд — æмæ-иу ын уæгъд рæстæг нал уыдис. Йæ бæллиц æрмæст пенсийы ацæугæйæ сæххæст. Интернеты федта Дауыраты Зæлинæйы куыстытæ.
Ацыди Ларисæ ахуыртæм. Дыууæ кæлмæрзæны сбыдта æмæ хъуыды кæнын райдыдта, дарддæр та цы, зæгъгæ. Дæхæдæг цы зонай æмæ иннæтæн кæй нæ амонай, уыцы хъуыддаг сылгоймагæн æхцондзинад нæ хæссы. Афтæ райдыдта клуб “Хæзнадон”-йы истори.
Æппæты хистæр ахуырдзауыл цæуы 72 азы. Бестауты Еленæ нырмæ цæуылнæ сахуыр цыллæ кæлмæрзæнтæ бийын, ууыл фæсмон кæны. Ныр æнæмæнг йæхи кæстæрты сахуыр кæндзæн ацы æрмæдæсныйадыл.
Елхоты хистæртæ хорз хъуыды кæнынц — раздæр-иу алы хæдзары сылгоймæгтæ дæр къухмимæ цæрдæг уыдысты. Суанг ма зæлдаг хъуымац уафын дæр зыдтой.
Къулыл — 19 æмæ 20 æнусы кæлмæрзæнтæ. Уыдонæн сæ иу рæнхъы 400 цæджы онг дæр ис. Æнусон историмæ баныдзæвын клубы æвзонг ахуыргæнинæгтæн сæрыстырдзинад у.
Æмæ ахæм чызджытæ клубы бирæ ис. Æппæтæй æвзонгдæрыл цæуы 11 азы. Æмæ кæд абон модæ ивгæ цæуы æмæ йæм æппынæдзух цавæрдæр ивддзинæдтæ хæссынц, уæддæр цыллæ кæлмæрзæнæн йæхи бынат ис ирон чызджы дарæсы.
















