preloader
сейчас в эфире
17:18
БЕЗ СТРАХА И УПРЕКА 12+
Смотрите Далее
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
НЫСАНТÆ 12+
18:30
ГВАРДИЯ 12+
19:00
НОВОСТИ 12+
19:20
ИМЕНА. МАХАРБЕК ТУГАНОВ 12+
ТВ ПРОГРАММА
БЕЗ СТРАХА И УПРЕКА 12+
close

Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг Академион театр бӕрӕг кӕны йӕ 155 азы юбилей

15.04.2026 15:36

Ацы рӕсугъддзинад та у ӕнӕхъӕн командӕйы архайд. Режиссертӕ, нывгӕнджытӕ, композитортӕ, костюмертæ æмæ декоратортӕ сценӕйы ӕдде кусынц, фӕлӕ сын сӕ фæллой кӕддӕриддӕр уыны аивадуарзæг.

Аргъауы дунемæ балц райдайы декорацитӕй. Спектаклы премьерӕйӕ бирӕ раздӕр бацӕттӕ кӕнынц сценӕ. Кæд æй нырма ӕппӕт ахорӕнтӕй нӕма сфæлыстой, уæддæр ахӕм хуызы дӕр зӕрдӕ ӕлхӕны. Тагъд залмæ театрдзаутæ æрбамбырд уыдзысты æмæ та сӕ разы февзӕрдзысты зындгонд аргъау “Гӕды цырыхъхъыты”-йы уарзон хъайтартӕ. Спектаклы премьерӕ декабры уыд ӕмӕ адӕмы зæрдæмæ тынг фæцыд.

Ацы рӕсугъддзинад та у ӕнӕхъӕн командӕйы архайд. Режиссертӕ, нывгӕнджытӕ, композитортӕ, костюмертæ æмæ декоратортӕ сценӕйы ӕдде кусынц, фӕлӕ сын сӕ фæллой кӕддӕриддӕр уыны аивадуарзæг. Уыдон сфæлдисынц, адæймаджы комкоммӕ историмӕ чи ахӕссы, ахӕм уавæртæ. Рæсугъд галуан уа ӕви хъӕд — специалисттӕ алцæй фæлгонц дӕр саразынц. Ӕмӕ сӕйраг элемент, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, артисттæ сты, сæ дарæс иууылдæр лыстӕг хъуыдыгонд у. Зӕгъӕм, англисаг комеди “Мистер Пим”-ы эскизтӕ.

Алы спектаклӕн дӕр йæ дарæс у сæрмагонд. Хуыйджытæ цыфæнды ныфсхаст хъуыдытӕ дæр рауадзынц царды, сӕ къухты хуымӕтӕг хъуымӕцтӕй рауайы аивадон уацмыс. Уæвгæ, Уырыссаг театры спектакльтæ иууылдæр ӕнтыстджын рауайынц. Уымæн æмæ сыл кусы æмвæнд командӕ. Сæ куыст сын у, уд кӕдӕм тырны, ахæм бынат. Афтӕ нымайы режиссер Хъӕрджынты Изабеллӕ. Ацы сценæйыл æвæры иуӕндӕсӕм спектакль.

Уырыссаг театр байгом 155 азы размӕ, 1871-æм азы 15 апрелы сценӕйыл ахъазыдысты “Маскарад”. Театр царди Импери, Советон Цӕдисы ӕмӕ цæры нырыккон Уӕрӕсейы дæр. Куыста-иу суанг тӕккӕ зындӕр рӕстӕджыты дӕр, бантыст ын культурæ схъæздыг кæнын. Йӕ историимӕ ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ баст сты Евгений Вахтангов, Хетӕгкаты Къоста ӕмӕ Михаил Булгаковы нӕмттӕ.

Коллективӕн ма разӕй ис сӕдӕгай премьерæтæ, театрдзауты зӕрдӕтӕ чи рухс кӕндзӕн, ахӕмтӕ. Театры стыр истори та ногӕй-ногмӕ æххæст кæндзæн ирд ӕмӕ зӕрдылдаринаг цаутӕй.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Виталий Сланов I По большому счету
26.06.2026
Артаг, Тугъанты Махарбеджы мысæн бон æмæ Брытъиаты Елбыздыхъойы ног цыртдзæвæн I Йæ рæстæгыл
26.06.2026
День молодежи I Доброе утро, Осетия!
26.06.2026
Топливный кризис в России I Бизнес сфера
25.06.2026
Гæздæнты Булаты мысæн изæр I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
25.06.2026
Дефицит рабочих кадров | Национальные интересы
24.06.2026
Тамара Щукина I Дело мастера
24.06.2026
«Право на риск. Отрасль с нуля» I Точка отсчёта
24.06.2026
Переливание крови I Доброе утро, Осетия!
24.06.2026
Поэзийы театр æмæ балалайкæйы бон I Йæ рæстæгыл
23.06.2026
Искусственный интеллект — помощь или угроза?
23.06.2026
Куырттаты ком I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
23.06.2026
Фæрниаты Райæ I Фæрдгуытæ
22.06.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 2: врачевание на Кавказе, поздняя бронза – раннее железо / Ossetica
22.06.2026
22.06.2026 I Самое время
22.06.2026
Все рекомендуемое