Фæндаггон змæлды фæтк ивгъуыд аз хæлд æрцыд 400 мин хаттæй фылдæр. Административон æгъдауæй бафхæрдтой 600 мин адæймагæй фылдæр. Иварты бæрц ахызт 384 милуан сомæй.
Фæткхалджытæ бафыстой 340 милуан сомы. Мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ивгъуыд аз къухы бафтыд республикæйы фæндæгтыл зианæрцыды цаутæ фæкъаддæр кæнын. 2021-æм азы фæндаггон фыдбылызты фæмард 87 адæймаджы.
















