Уæрæсейы хицауад Цæгат Ирыстонæн хæстæгдæр æртæ азы рахай кæндзæн 120 милуан сомы æнцонæмбырдгæнæн æмæ æнцонархайд чи у, ахæм спортивон фæзтæ саразынæн. Уый тыххæй сæрмагонд бардзырд бафыста бæстæйы хицауады сæрдар Михаил Мишустин.
Фæрæзтæй 20 милуан сомы республикæ райсдзæн ацы аз, 60 — 2023-æм азы æмæ 40 милуан сомы та 2024-æм азы. Архайд цæуы «Бизнес-спринт», зæгъæ, федералон проекты фæлгæты. Æнцонæмбырдгæнæн спортивон фæзтæ фæзындзысты нæ бæстæйы регионты. Сæ арæзтадæн æдæппæтæй рахай кæндзысты 9 млрд сомы.
Бынæттæ дзуапп дæтдзысты нырыккон домæнтæн. Алы æрбацæуæгæн дæр фадат уыдзæн хибарæй тренировкæтæ кæнынæн. Ахæм ногдзинæдтæ æнæмæнг стыр æххуыс уыдзысты цæрджыты спортыл æнувыддæр кæнынæн.
















