Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты сарæзтой фестиваль «Зеленое яблоко». Фыццаг курсы студенттæ бацæттæ кодто алыхуызон равдыстытæ. Программæмæ гæсгæ у фестиваль «Студенческая весна»-йы хуызæн. Фæлæ дзы архайынц æрмæст фыццаг курсыты студенттæ. Куыд равдыстой сæ курдиат, уый базыдта нæ уацхæссæг дæр.
Алы адæмыхæттыты кæфтытæ æмæ зарджытæ, турккаг, индиаг актертæ- ахæм диссæгтæ фенæн ис фестиваль «Зеленое яблоко»-йы. Архайынц дзы фыццаг курсы студенттæ. Фестиваль сын дæтты хорз фадат сæ курдиат равдисынæн. Студенттæ сæхи бæстонæй цæттæ кодтой ацы конкурсмæ. Фестивалы архайынц фыццаг хатт. Се ‘нкъарæнтæ не ‘мбæхсынц.
Фæсивæд бæллынц сæхи инæтæй хуыздæр равдисынмæ. Алчидæр йæхи факультетыл йæ зæрдæ дары. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, фестивалæн ис стыр ахадындзинад. Йæ архайджыты нымæц азæй-азмæ фылдæр кæны. Юридикон факультеты минæвæрттæ сты 20. Бацæттæ кодтой цалдæр цымыдисаг номыры.
Цгъойты Зæринæ, юридикон факультеты студенткæ: «Цалдæр номыры бацæттæ кодтам. Фестивалы архайæм æнæхъæн курсæй».
Мадзал сарæзта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты профком.
Битъиты Фатимæ, мадзал аразæг: «Сфæлдыстадон фестивалæн йæ сæйраг хæс у – студенттæн раттын фадат сæ курдиат равдисынæн. Кæрæдзиимæ сæ базонгæ кæнын».
Фестиваль «Зеленое яблоко» у æрвылазон. Студенттæн – уарзон æмæ ахадгæ. Лæвар сын кæны æмбал кæмæн нæй, ахæм æнкъарæнтæ. Алы аз дæр дзы ис ног архайджытæ æмæ ног цымыдисаг равдыстытæ.
Хуасдзауты Алинæ
















