Республикæйы хицауады сконды арцыдис ивддзинадтæ. Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег, стæй ахуырад æмæ наукæйы раздæры министр Азымты Иринæ систы Хицауады сæрдары хæдивджытæ. Азымты Иринæйы бæсты министрады разамонæджы хæстæ аххæст кæндзæн Людмилæ Башаринæ. Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады ног министр ныр у Тамайты Майрæн. Раздæр уыд Дзæуджыхъæуы администрацийы сæрдары хæдивæг. Фæллой æмæ социалон рæзты министры бынат бацахста Хуыбаты Барис. Раздæр куыста республикæйы сæргълæууæджы æххуысгæнæгæй.
Æнæниздзинадхъахъæныны министры бартæ радтой Годжыцаты Тамерланæн. Уыимæ ма уыдзæн хицауады сæрдары хæдивæг дæр. Спорты æмæ физкультурæйы министр та уыдзæн Гæбулты Владимир. Уымæй уæлдай ма, сбæлвырд кодтой Культурон намысы объекттæй пайда кæныны æмæ хъахъхъæныны комитеты сæрдары. Уый уыдзæн – Æгайты Эмилия. Культурæйы министр Милдзыхты Руслан æндæр бынат кæй бацахсдзæн, уый тыххæй уал министрады разамонæджы хæстæ æххст кæндзæн Къубалты Эльбрус.
















