Хъарм хæринаг хæрын кæнынц Фарныхъæуы скъоладзаутæн дæр. Æрвылбон сабитæ лæвар хæрынц пайдайаг хойрæгтæ. Хæрзад æмæ алы витаминтæй æххæст цæмæй уой, ууыл та æрвылбон архайы дæсны хæринаггæнæг Дзапарты Алетæ. Куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæтæн хæринаг кæнын у бæрнон ӕмӕ æхсызгон хъуыддаг. Йæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ радзырдта Дзæдзойты Фатимæйæн.
Фæллад суадзынмæ нырма 5 минуты хъæуы, фæлæ хæрæндонæй хæринаджы тæф сывæллæттæм сиды. Æвæццæгæн, уæд алы скъоладзау дæр бадзуры йе `мгæрттæм: «Исты ахæрин ныртæккæ. Ды та?». Стыр переменæмæ сывæллæтæ фылдæр фенхъæлмæ кæсынц. Дзæнгæрæг куы айхъуысы, уæд иууылдæр рæвдз фæлидзынц хæрæндонмæ.
Сабиты хæрд хæрзад куы вæййы, уæд уый сывæллæттыл дæр фæзыны. Афтæ зæгъынц хæрæндоны кусджытæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, хæринæгтæ кæнынц æппæт сæрмагонд домæнтæм гæсгæ, алы боны меню дæр у алыхуызон. Фынгтыл вæййы æхсыры продукттæ, дзидза, кæсаг, дыргътæ, халсартæ, кастæ. Хæринæгты номхыгъд – æппæт домæнтæм гæсгæ.
Цæмæй хæринаг сабитæн уа зæрдæмæдзæугæ, хæрзад æмæ хæрзхъæд, алы витаминтæй æххæст, ууыл æрвылбон архайы хæринаггæнæг Дзапарты Алетæ. Алы бон 7 сахатæй суанг æнафонтæм йе ‘мкусæгимæ вæййы къæбицы. Иуварсæй кæсгæйæ, ацы куысты зынæй ницы ис, фæлæ фæлтæрдджын хæринаггæнæг ацы хъуыдыимæ разы нæу. Куыд зæгъы, афтæмæй стыр бæрнондзинад домы адæймагæй, фылдæр хæстæ йыл æвæры, уымæн æмæ хæринаг сывæллæттæн кæны.
Хорз кусынæн Фарныхъæуы скъолайы ис æппæт уавæртæ, хæрæндон у аив æмæ цалцæггонд. Йæ къæбиц æххæст у æппæт хъæугæ ифтонггарзæй, алцыдæр дзы у фæткмæ гæсгæ. Æмкусджыты къорд бæстыхай дарынц сыгъдæгæй. Хæринагты хæрзхъæдзинад та зæрдæхсаинаг никуы вæййы. Алетæйы фæлтæрддзинад фæзмынц иннæтæ дæр.
Алетæ у дæсны фæндырдзæгъдæг дæр. Гыццылæй нырмæ цæгъды национ инструменттыл. Фæлæ 6 азы размæ сфæнд кодта йæхи бафæлварын хæринаг кæныны дæр. Ацы хъуыддаджы дæр разынди æнтыстджын. Сывæллæтæ райгондæй кæй баззайынц, уый та йын у хуыздæр æвдисæндар.
Уæвгæйæ та, сывæллæты худгæ цæстæнгас Алетæйæн у йæ куысты уарзондæр хай. Бирæ сæ уарзы, æмæ уыдоны зæрдæ дæр алкæддæр райы йæ уындæй.
Сабитæн балæггад кæнын Фарныхъæуы скъолайы æппæт коллективæй дæр нымайынц се стыр хæсыл. Зæгъæн ис уый, æмæ сын æнтысгæ дæр кæны.
















