Рекламæйы 90% халы Дзæуджыхъæуы уынгты æддаг бакаст. Ахæм хатдзæгмæ рейды рæстæг æрцыдысты республикæйы архитектурæйы æмæ горæты арæзтады комитеты минæвæрттæ. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй рекламæ нысангæнгæйæ хъуамæ æххæстгонд цæуа сæрмагонд фæтк. Афтæмæй республикæйы культурон хæзнатæй пайдакæныны æмæ хъахъхъæныны комитет снысан кодта методикон амынддзинæдтæ. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Дзæуджыхъæуы, Ватутины номыл уынджы хæрзвадаты домæнтæ раст не` ххæст кæнынц. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, фæткхæлдтытæ алы ран дæр ис – Куыстуæттæ æмæ дуканиты сæргæнттæ сты дуæрттæ, рудзгуытæ æмæ балкъонтыл ауыгъд. Амалхъом адæймæгтæ иу иннæмæй фæраздæр уа, зæгъгæ, бæстыхæйттæ сæргæндтæй байдзаг кодтой. Афтæмæй та, дыууæ вывескæйæ фылдæр ауындзыны бар нæй.
Архитектурæ æмæ горæты арæзтады комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æддаг рекламæйæн йæ фылдæр хай сафы горæты бакаст. Ахæм уавæр сæвзæрд, ацы хъуыддаджы сæрмагонд домæнтæ кæй нæй, уый тыххæй. Хъуамæ сæ алы амалхъом адæймаг дæр æнæмæнг æххæст кæна. Фæтк снысан кæныныл кусынц Культурон хæзнатæ хъахъхъæныны комитеты. Фæлæ уавæр хорзы ’рдæм кæй ивы ныридæгæн, уый дæр зæгъын хъæуы. Профилон комитетмæ адæм цæуын райдыдтой сæ фæрстытимæ, раст куыд уыдзæн, зæгъгæ. Ведомствойы разамонæг Цæллагты Алыксандры ныхæстæм гæсгæ, вывескæтæй кæцыдæртæ раст конд куы вæййынц, уæд уынджы иумæйаг æддаг бакаст дæр нæ фæхæлы.
Рекламæйы тыххæй сæрмагонд домæнты хыгъдыл дарддæр кусынц. Кæронбæттæны йæ фарс хъуамæ рахæца Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырд. Проектмæ гæсгæ, алы сæргондæн дæр йæ бынат æмæ асмæ дæр цæстдард уыдзæн. Ахсджиаг у горæты архитектурон хæрзарæзт бахъахъхъæнын.
















