Хадемар, кабрилло, мальга æмæ зæхкусджыты ‘хсæн æппæты парахатдæр – мурано. Ацы хъæрмуаты тыллæг дæттынц æрыскъæфы алы мыггæгтæ. Хицæнгонд цæуынц æрмæст сæ хуызмæ æмæ адмæ гæсгæ.
Нæлгоймаг зæххы куыст кæнын райдыдта 2019 азы. Йæ фыдимæ хъæрмуат саразыны фæстæ дзы парахат кодта халсартæ — джитъритæ æмæ томаттæ. Фæлæ йæ хæлæртты хъæппæрисæй Андрей йе ‘ргом аздæхта æрыскъæф зайын кæнынмæ. Ацы хъуыддаг ын разынд хæстæгдæр æмæ цымыдисагдæр. Ног хъуыддагмæ бацыд бæрнонæй.
Уарзон куыст кæнын, уды хъарм дзы бавæрын æмæ уæд фæстиуæг уыдзæн. Афтæ хъуыды кæны фермер. Æрыскъæфтæ арæх æрцагурынц. Ӕлхӕнджыты ‘хсӕн хӕлӕрттӕ, сыхӕгтӕ ӕмӕ иу хатт адджын гагадыргъы ад чи бамбæрста, уыдон.
Йӕ хъӕрмуаты ис ӕртӕхджын дон. Уый дæтты дон æрмæст уидӕгтӕм. Афтӕ ӕрыскъӕфы сыфтӕ хурмæ нæ судзынц. Тыллӕгмӕ фермер бæстон хъус дары. Йӕ фӕлтӕрддзинадæй Андрей хай кӕны социалон хызты. Йе ‘ мзонд адӕмимӕ йӕ каналы ныхас кӕны, зайӕгойтӕм раст куыд зилын хъӕуы ӕмӕ хъӕздыг тыллӕг куыд райсын хъӕуы, ууыл. Мæримæ архайын хъӕуы ӕви нӕ, ууыл ма дызӕрдыг чи кӕны, уыдонмӕ та сиды, цӕмӕй ма хъуыды кӕной.
Фидӕны Андрей дарддӕр дӕр парахат кæндзæн йæ бизнес. Нысанты ис куысуат фӕуӕрӕхдӕр кӕнын, ӕмӕ, æнæмæнг, сырх диплом райсын. Фермеры уырны, ӕнӕ химийӕ цы тыллæг ӕрзад, уый ӕнӕмӕнг хъæугæ кæй рауайдзæн, уый.
















