preloader
сейчас в эфире
11:26
ГОРСКАЯ НОВЕЛЛА 12+
Смотрите Далее
12:40
САУТÆ, БУРТÆ, МЫДХУЫЗТÆ 12+
14:35
МУЗЫКÆ 12+
14:50
СПЕКТАКЛЬ "МÆЛÆТЫ ЛÆГ" 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
ВОЛШЕБНАЯ ПАПАХА 12+
ТВ ПРОГРАММА
ГОРСКАЯ НОВЕЛЛА 12+
close

Сабаты Цъæйы коммæ Рекомы дзуары бынмæ æрбамбырд сты алы кæмттæй

15.06.2026 16:39

Рекомы алкæддæр куывтой сæйрагдæр хъуыддæгтыл. Бæлццæттæ-иу сæхи фæдзæхстой дард фæндаджы размæ. Иу ныхасæй ацы бынат раст цыма арв æмæ зæххæ кæрæдзиуыл бæтты, афтæ у. Уымæ гæсгæ дзы банкъарæн ис алæмæты тых.

Сыгъдæг хъуыдытæ, урс уæлæдарæс æмæ бæгъæмвадæй. Зæдбадæн бынаты æрлæууыны размæ хи бацæттæ кæнын хъæуы. Бӕрӕгбонмæ нӕлгоймӕгтӕ ӕртӕ боны фæдарынц ком – сæ фынгтыл нæ вæййы æйчытæ, дзидза æмæ æхсырæй конд продукттæ. Афтæмæй, аивæй ссæуынц Дзуары бынмæ. Цъæйы коммæ фæндаг цыбыр нæу, фæлæ уый никæй уромы. Ӕртӕ кæрдзыны, æртæ фæрсджы ӕмӕ хӕдзарон бӕгӕныимӕ дунейы алы рӕттӕй сӕдӕгай ирӕттӕ ӕрцыдысты ардӕм, цӕмӕй иумæйагæй бакувой.

Хуыцауы минæварæй курынц ӕнӕниздзинад, фарн. Бӕрӕгбонӕн йӕ уидӕгтӕ цӕуынц рагзамантӕм. Таурæгъмæ гæсгæ Реком фæзынд, Хуыцау Нарты Батразы амæлæты фæстæ, цы æртæ цæссыджы æркалдта, уым.

Алы мыггагӕн дӕр ис йӕхи фынг. Фӕлӕ хойраг равӕрыны ӕмӕ скувыны размӕ кувӕндоны алыварс ӕртӕ хатты ӕрзилын хъӕуы – дунейы сконды ӕртӕ ӕмвӕзады символ – арв, хур ӕмӕ зӕхх. Ахӕм ӕгъдӕуттӕ цӕуынц фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Ханайты Георгий ма хъуыды кӕны, ардӕм сывӕллонӕй куыд цыд, уый. Абон та Рекомы ис йæ цотимæ.

Ханайты кæстæртæ архайынц бӕрӕгбон хӕларӕй ӕмӕ æгъдаумæ гӕсгӕ бӕрӕг кӕныныл. Нæ рох кæнынц абон сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты раззагдæр рæнхъыты чи тох кæны, уыдоны дæр. Сæ номыл хъуысыдысты хицæн куывдытæ.

Георгийимæ Рекоммӕ ссыд 10 адӕймагӕй фылдӕр. Мыггаджы ахсджиагыл нымайынц кæстæртæн суанг сабийæ фӕстӕмӕ традицитæ дæттын. Чысыл Рустам дæр йæ хъуыдытæ загъта.

Сылгоймæгтæн ардæм цæуыны бар нæй. Уыдонæн ис сæхи дзуæрттæ – Мадымайрæмы æмæ чызджыты. Бынаты сыл бинонты фæдзæхстой, кæстæртæн куырдтой æнæниздзинад æмæ рухс фидæн.

Рекомы алкæддæр куывтой сæйрагдæр хъуыддæгтыл. Бæлццæттæ-иу сæхи фæдзæхстой дард фæндаджы размæ. Иу ныхасæй ацы бынат раст цыма арв æмæ зæххæ кæрæдзиуыл бæтты, афтæ у. Уымæ гæсгæ дзы банкъарæн ис алæмæты тых.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Сослан Андиев I В своем кругу
1.08.2026
Саутӕ, буртӕ, мыдхуызтӕ I 01.08.2026
1.08.2026
Год единения народов России I Гвардия
1.08.2026
Зарождение промышленности Северной Осетии I Ход истории
31.07.2026
Цас хъусдаринаг сты æхсæнады сагъæстæ фидæныл æмæ нырыккон архитектурæйы фарстатæ | Йæ рæстæгыл
31.07.2026
31.07.2026 I Доброе утро, Осетия!
31.07.2026
Премьера фильма «Старый орёл» и актуальные новости недели | Самое время
30.07.2026
Хохойти Энвер I Уидӕгты ирдгӕ
30.07.2026
Фильм «Дух барса» I Подробнее
30.07.2026
Чырыстон фæд
30.07.2026
Тугдадзинты ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕппӕтдунеон нывӕфтыды бон I I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
30.07.2026
Готовая кухня I Среда влияния
29.07.2026
Художественный взгляд I Доброе утро, Осетия!
29.07.2026
Дзау I Вокзал для двоих
28.07.2026
Хохоев Сослан I Профессиональный путь
28.07.2026
Все рекомендуемое