Дзæуджыхъæуы скъоладзаутæн байгом кодтой «Mindcraft. Основы программирования», зæгъгæ ахуыртæ. Уымæй уæлдай ма сты лæвар. Сæ сæйраг нысан- скъоладзаутæн равдисын ацы дæсныйады æууæлтæ. Сæ зонындзинæдтæ сын фæбæрззондæр кæнын. Ахуырадон программæ сфидар кодтой Нартыхты Алыксандр æмæ Гудиаты Тимур.
Скъоладзаутæ ацы дæсныйадыл ахуыр кæндзысты 6 мæйы. Ахуыргæнинæгты адих кодтой 2 къордыл: 6-æм æй 8-æм æмæ 9-æм æй 11-æм кълæсты ахуырдзаутæ. Сывæллæтты удæнцойæн ахуыртæ фæцæуаынц æрмæст къуырыйы кæрон. Мадзал аразджытæ куыд фæнысан кодтой афтæмæй Цæгат Ирыстоны ацы къабазы кусджыты фæлтæрддзинад у бæрзонд.
















