Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл радон æмбырд абон сарæзтой тæрхондоны. Дарддæр фæрсынц, азымджын кæй кæнынц, уыдоны æвдисæнты. Абон фарстой Республикон клиникон рынчындоны медицинон хо Бæдойты Ингæйы. Йæ ныхæстæм гæсгæ Цъыккаты Владимиры рынчындонмæ куы æрбаластой, уæд йæхи æмбæрста.
Æдисæн ахæм хаццæг скодта уымæн æмæ рынчынæн йæ цæстытæ гом уыдысты. Цъыккаты Владимиры дам пъæлицæйы хайадæй нæ, фæлæ дам æй уынгæй æрбаластой. Уымæй уæлдай ма медицинон хо куыд зæгъы афтæмæй йæ къухтæ æмæ йæ цæсгом уыдысты цæфтæ. Æрфарстой ма пъæлицæйы кусæджы Æлборты Игорьы.
















