Бутсæтæ кимонойæ фæивын. Дзæуджыхъæуы спортивон скъолайы футболон командæ “Барс”-ы хъомылгæнинæгтæ архайдтой тренировкæйы дзюдойæ. Æвзонг футболисттæ сæхицæн байгом кодтой спорты ног хуыз. Олимпиаг хъæзтыты призер Тменаты Тамерлан сын раргом кодта дзюдойы архайды сусæгдзинæдтæ.
Дзюдо спортсментæн бар дæтты ног цæстæй æркæсын футболон матчмæ, хъазтмæ бахæссын ногдзинæдтæ, уыимæ ма ныхмæлæууæджы фæнд рагагъоммæ базоныны фадат дæр.
Спортивон скъолайы историйы ацы цау фыццаг нæу. Дыууæ мæйы размæ Дзæуджыхъæуы “Юность”-ы футболисттæ рæстæгмæ сæхи дзюдойы бафæлвæрдтой. Иугонд Уæрæсейы æххуысæй проект здæхт у фæсивæды алывæрсыг рæзтмæ.
















