Се ‘ппæт сабитæ къæдор нæ уарзынц. Фæлæ скъолайы хæринаггæнджытæ уавæр сраст кодтой. Пайдайаг продукт сывæллæттæн дæттынц йогурты хуызы. Меню Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды республикон управленийы бæстон æркаст ацæуы. Хъуамæ æххæст уа алыхуызон хъæугæ хæринæгтæй.
Cкъоладзаутæн цæттæ кæндзысты сæ уарзондæр кастæ – пырындзы æмæ сауфагæйы. Райсомы хæрды фынгыл ма уыдзæн хъæбынтæ картофимæ, хæрзад сосискæтæ макъаронтимæ æмæ стуры фыдæй тефтельтæ. Æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ хæринæгтæн ныридæгæн аргъ скодтой.
Лæвар хæрынц ахуырдзаутæ 1-æй 4-æм къласмæ, уыимæ ма льготон категоритимæ сабитæ. Ныййарджыты цæстдард – æнæмæнг хъуыддаг. Хъæппæрисджын къордæн бар ис æрвылбон кæсын хæринаджы хæрзхъæддзинад æмæ адмæ, хъуыддаджы архайын æмæ сæ хъуыдытæ зæгъын. Басгæрстыты хатдзæгтæм гæсгæ, мадæлты фылдæр хай разыйæ баззайынц.
Хæрæндоны архайд сæумæрайсом райдайы. Хæринаггæнджытæ хъуамæ сæ куыст афоныл фæуой. Сæ арæхстдзинадæй аразгæ у сæдæгай скъоладзауæн сæ райсомы æмæ сихоры хæрд пайдайаг уыдзæн æви нæ, уый.
Ног менюйы – дзидзайы, æхсыры продукттæ, дыргътæ, халсартæ æмæ адджинæгтæ. Снысан æй кæнынц 20 бонмæ, уымæ гæсгæ дзы иу хæринаг ногæй нал сæмбæлы. Хæринаггæнджыты фæлтæрддзинад, сабиты фæндтæм байхъусын æмæ хæрзхъæддзинадмæ цæстдард сты куысты бындуртæ. Специалистты фидарæй уырны, пайдайаг хæринæгтæй аразгæ у сывæллæтты хи æнкъарынад æмæ ахуырмæ тырнындзинад.
















