Фыццаг æрвылсуткæ кусæг лагерь байгом Мæхческы скъолайы. Сывæллæттæ дзы æрмæст сæ фæллад нæ уадзынц. Ам базондзысты цыхт ахсын, мыды куыст кæнын. Æрвылбон зарынц, кафынц, зонгæ кæнынц ирон æвзаг æмæ культурæимæ. Лагердзаутимæ фембæлдысты нæ уацхæсджытæ.
Уыйбæрц фæсæвæд Махческы рагæй нæ уыд. Бирæ скъоладзаутæ кæм нæй, ахæм агуыргæнæндоны бындурыл фыццаг хатт байгом сæрдыгон дзæбæхгæнæн лагерь. Схуыдтой йæ “Фидæн”. 10 азæй 13 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ се ‘нæниздзинад хъæддыхдæр кæндзысты алæмæты æрдзы хъæбысы.
Мадзаларазджытæ уазджытæн равдыстой сывæллæттæн цымыдисагæй цы бацæттæ кодтой, уый. Программæ арæзт у афтæ, цæмæй кæстæртæ хуыздæр базоной нæ æгъдæуттæ æмæ культурæ. Уыимæ ирон хæринæгтæ кæныны сусæгдзинæдтæ. Зæгъæм, цыхт ахсын. Фыццаджыдæр æхсыр хъæуы 35 градусы онг схъарм кæнын. Бафтауынц æм ахсæн.
Æрдзы хъæбысы, хæхты бæрзæндты бынмæ фæсивæд ахуыр кæнынц æлыгæй алыхуызон дзауматæ аразын, амонынц ма сын суанг мыдыбындзытæ дарын дæр. Дæсныйадæвдисæн ахуыртæ бацæттæ кодтой бынæттон цæрджытæ. Æхсызгон сын у Махческ сабиты хъæлæба кæй зæлы, уый.
Сменæ у 18 боны. Æппынæдзух — алыхузон программæтæ: балцытæ, экскурситæ, æфсæддон-патриотон мадзæлттæ, бæхтыл тезгъо. “Фидæн”-ы архайджытæ канд сæ фæллад нæ уаддзысты. Скъоладзаутæ бындуронæй ахуыр кæндзысты ирон, уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтæ.
Ныридæгæн “Фидæн”-ы пайдаимæ сæ рæстæг æрвитынц 50 адæймаджы. Уый у фыццаг фæлтæр. Августы суазæг кæндзысты дыккаг. Æнхъæлмæ сæм кæсы хæрзад хæринæгтæ, сыгъдæг уæлдæф æмæ бирæ цымыдисаг мадзæлттæ. Ахæм улæфт æнæмæнг сæ зæрдæты баззайдзæн. Дæрддзæф хæххон хъæуы фæллаудуадзæн-дзæбæхгæнæн лагерь байгом кæныны хъæппæрис разынд сывæллæтты сфæлдыстады хæдзармæ.
Цæгат Ирыстоны алы районтæй фæсивæд хъæлдзæгæй сæ рæстæг æрвитынц æмæ се ‘нæниздзинад хъæддыхдæр кæнынц “Фæсивæд æмæ сывæллæттæ” нацпроектмæ гæсгæ.
















