Ахуыры азы кæрон Цӕгат Ирыстоны Хицауады фыццаг вице-премьер Атарты Георгий бабӕрӕг кодта йӕ райгуырӕн 36-ӕм скъола. Хистӕр кълӕсты ахуырдзаутӕн цымыдисаг уыд хицауады минӕвармӕ фӕрстытӕ раттын. Ныхас рауад æргом. Фӕсивӕд фарстой дӕсныйад ӕвзарын æмæ царды бынат ссарыны тыххӕй. Дзырдтой рæстдзинад, бӕрнондзинад, фӕллой ӕмӕ патриотизмыл. Уымæй уӕлдай, Атарты Георгий йе ‘ргом аздӕхта арӕзтадон дӕсныйӕдтӕм. Скъоладзауты ‘хсӕн разынд, ныридӕгӕн ацы здӕхт чи равзӕрста, ахæмтæ. Зӕгъӕм, 9-ӕм къласы ахуырдзау Гæджиты Аминӕ фӕнд кӕны архитектор суӕвын. Иннӕ аз ахуыр кӕндзӕн профилон арӕзтадон-архитектурон къласы.
Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзыстæм, 36-æм скъолайы бындурыл афӕдзы дæргъы архайынц профилон кълӕстӕ байгом кæныныл. Ныридӕгӕн уал 7-æм къласы фæзынд хахнывкæнынады уроктӕ. Иннӕ азӕй та уыдзысты 10-æм къласы дæр. Атарты Георгий ахуырдзаутӕн загъта, цӕмӕй сӕхи бафӕлварой проект аразджыты ӕмӕ ландшафтон архитекторты ролы ӕмӕ се скъолайы кӕрт саив кӕныны проектыл бакусой.
















