Гимназ “Диалог”-ы ацыд лæгдзинады урок. Мадзал снысан кодтой сгарæджы бонæн, фæсивæдæн радзырдтой службæйы архайды æмæ историйы тыххæй. Фембæлдмæ саккаг кодтой бæстæйы раззагдæр æфсæддон ахуыргæнæндæтты минæвæрттæ, дзырдтой ахсджиаг дæсныйæдты тыххæй, уыимæ цы у сæйрагдæр институт æвзарыны хъуыддаджы. “Лæгдзинады урок” бацæттæ кодтой Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад, здæхт у фæсивæды патриотон хъомыладмæ. Проекты фæлгæты кæстæртæ хуыздæр базонгæ вæййынц бæстæйы историимæ, рæзы сæм Фыдыбæстæмæ уарзондзинад.
















